Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 11:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уӕд ефремонты фыдӕхӕн кӕрон ӕрцӕудзӕни, уӕд иудейӕгты фыдӕхӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Ефремонтӕ иудейӕгтӕм нал хӕлӕг кӕндзысты, иудейӕгтӕ знаджы цӕстӕй нал кӕсдзысты ефремонтӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 11:13
8 Iomraidhean Croise  

Менассиа — Ефремы, Ефрем — Менассиайы, сӕ дыууӕ та — Иудӕйы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Уыцы заман Иудӕйы байзӕддӕгтӕ Израилы фӕстагӕттӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ цӕгаты зӕххӕй, Ӕз уӕ фыдӕлтӕн исбонӕн кӕй радтон, уыцы зӕхмӕ ацӕудзысты».


«Ацы адӕм цы ныхӕстӕ кӕнынц, уый нӕ хъусыс? Уыдон дзурынц: „Дунедарӕг цы дыууӕ хӕдзарвӕндаджы равзӕрста, уыдонӕй Йе ’ргом аздӕхта“. Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмыл ӕлгъ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕсты адӕмыл нымад дӕр нал сты».


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, кӕугӕйӕ, Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, агурӕг ацӕудзысты.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Израилы адӕм цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу сты, уырдыгӕй сӕ куы ӕрӕмбырд кӕнон, уӕд сын уыцы адӕмты раз раргом кӕндзынӕн Мӕ уаз ном, ӕмӕ ногӕй ӕрцӕрдзысты, кӕддӕр Мӕ цагъар Йаковӕн цы зӕхх радтон, ууыл.


Иудейӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ иумӕ ӕрбамбырд уыдзысты, сӕхицӕн иу фӕтӕджы сӕвӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕстӕй рацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ Изреелмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр фидӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan