Исайа 11:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст11 Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд Дунедарӕг ногӕй Йӕ къух ӕрдардзӕн ӕмӕ ссӕрибар кӕндзӕн, Йӕ адӕмӕй ма чи баззайа, уыдоны. Фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн, Йӕ адӕмӕй ма Ассири, Мысыр, Патрос, Куш, Елам, Шинар ӕмӕ Хаматы бӕстӕты, стӕй денджызгӕрон сахарты удӕгасӕй чи баззайа, уыдоны. Faic an caibideil |
Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».
Мӕ адӕмӕй чи фервӕза, уыдоны скӕндзынӕн Мӕ минӕвӕрттӕ. Арвитдзынӕн сӕ алы адӕмтӕм, алы бӕстӕтӕм: Таршишмӕ, Пулмӕ ӕмӕ Лудмӕ, Мешехмӕ ӕмӕ Рошмӕ, Тувалмӕ ӕмӕ Йаванмӕ, ноджы ма алы дард сакъадӕхтӕм, Мӕ кой Мын кӕм никуы фехъуыстой ӕмӕ Мын Мӕ кад кӕм никуы федтой, уыцы бӕстӕтӕм, ӕмӕ адӕмӕн дзурдзысты Мӕ кады тыххӕй.
Дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ бахъӕудзӕни дӕ сӕр. Фидӕны азты ды ӕрцӕудзынӕ, карды азарӕй чи фервӕздзӕн, уыцы бӕстӕм, бирӕ ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕнӕй уырдӕм чи ӕрбаздӕхдзӕн, уыцы адӕммӕ, иудадзыг гӕныстон чи уыд, Израилы уыцы хӕхтӕм. Йӕ цӕрджытӕ ӕрбаздӕхдзысты ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕнӕй ӕмӕ се ’ппӕт дӕр цӕрдзысты ӕдасӕй.