Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Кално дӕр ӕмӕ Каркемиш дӕр, Хамат дӕр ӕмӕ Арпад дӕр, Самари дӕр ӕмӕ Дамаск дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:9
23 Iomraidhean Croise  

Нимроды паддзахадмӕ хаудтой раздӕр Вавилон, Ерех, Аккад ӕмӕ Калне, се ’ппӕт дӕр — Шинары зӕххыл.


Хаматы паддзах Тоимӕ байхъуысти, Давид Цовайы паддзах Адад-Езеры ӕфсад кӕй ныддӕрӕн кодта, уый


Ассирийы паддзах сразы ис йӕ курдиатыл. Дамаскмӕ бабырста ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты Киры сахармӕ акодта, Рецины та амардта.


Ассирийы паддзах израилӕгты бӕсты Самаримӕ ӕрбакодта ӕндӕр адӕмты йӕ бӕстӕйы сахартӕй: Вавилонӕй, Кутайӕ, Аввайӕ, Хаматӕй ӕмӕ Сефарваимӕй. Уыдон бацахстой Самарийы зӕхх ӕмӕ йын йӕ сахарты ӕрцардысты.


Кӕм сты Хамат ӕмӕ Арпады хуыцӕуттӕ? Цы фесты Сефарваимы, Хен ӕмӕ Иввӕйы хуыцӕуттӕ? Самарийы мӕ къухӕй бахызтой, мыййаг?


Уӕдӕ сымах дӕр уӕ Хуыцау куыд фервӕзын кӕндзӕн мӕ къухӕй?


Иосиа Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз куыстӕн уаг ӕмӕ ӕгъдау куы сӕвӕрдта, уый фӕстӕ Мысыры паддзах Нехо хӕстмӕ рацыди Каркемишы ныхмӕ, Евфраты ’рдӕм, ӕмӕ Иосиа йе ’фсадимӕ рацыди йӕ ныхмӕ.


Уый зӕгъы: «Паддзӕхтӕ иууылдӕр мӕ лӕггадгӕнджытӕ не сты, мыййаг?


Рагуац Дамаскы тыххӕй. Дамаскӕн йе сӕфт ӕрцӕуы — хӕлддзӕгты кӕри фестдзӕн.


Ефремы зӕххыл фидаргонд сахар нал баззайдзӕн, Дамаскы та — паддзӕхтӕ. Арамы цӕрджытӕй ма чи аирвӕза, уыдонӕн израилӕгтау фесӕфдзӕни сӕ кад, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Фӕндӕгтӕ сафтид сты, цӕуӕг сыл нӕй. Фыдгулты паддзах йӕ ныхас фӕсайдта, гадзрахатӕй ныл рацыд, фидыды ӕвдисӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардта. Нӕ адӕм ӕм нымады дӕр не сты.


Кӕм сты Хамат ӕмӕ Арпады хуыцӕуттӕ? Цы фесты Сефарваимы хуыцӕуттӕ? Самарийы сахар, мыййаг, бахызтой мӕ фыдӕхӕй?


Ӕнӕфехъусгӕ нӕ фӕуыдаис, Ассирийы паддзӕхтӕ ӕппӕт бӕстӕтӕн цытӕ бакодтой ӕмӕ сӕ куыд бабын кодтой, уый. Уӕд ма ды та куыд аирвӕздзынӕ?


Кӕм сты ныр Хамат ӕмӕ Арпады паддзӕхтӕ? Цы фесты Сефарваимы, Хенайы ӕмӕ Иввайы паддзӕхтӕ?»


Дамаск Арамы сӕйраг сахар у, Дамаскы сӕр та — Рецин. Фондз ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы рацӕуа, уӕд ефремонтӕ адӕмты хыгъды дӕр нал уыдзысты.


Мысыры бӕстӕйы, мысыраг фараон Нехойы ӕфсады тыххӕй. Иудейаг паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман ӕй вавилойнаг паддзах Навуходоносор Каркемишы, Евфраты доны был, ныддӕрӕн кодта.


Дунедарӕг Дамаскы тыххӕй афтӕ зӕгъы: Хамат ӕмӕ Арпады сахартӕ схъомпал сты, уымӕн ӕмӕ ӕвзӕр уац фехъуыстой. Фыр тӕссӕй рафт-бафт кӕнынц, денджызау сӕхицӕн ӕнцой нӕ арынц.


Хамат, Берота, Дамаск ӕмӕ Хаматы ’хсӕн лӕууӕг сахар Сивраимыл бахиз Хавраны ӕмарӕн лӕууӕг сахар Хацер-Тихонмӕ.


Хъазынц паддзӕхтӕй, хынджылӕг кӕнынц бӕстыхицӕуттӕй, худынц фидӕрттыл. Сыджытбырутӕ саразынц ӕмӕ сӕ басӕттынц.


Оры хохӕй Хаматмӕ йӕхи айтындздзӕн ӕмӕ Цедады балӕудзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan