Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Фӕлӕ Ассирийы паддзахӕн ууыл нӕу йӕ мӕт, йӕ сагъӕс. Йӕ зӕрды ис бирӕ адӕмты бабын кӕнын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:7
13 Iomraidhean Croise  

Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзӕрдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.


Уый зӕгъы: «Паддзӕхтӕ иууылдӕр мӕ лӕггадгӕнджытӕ не сты, мыййаг?


Гъе уый дын халдейӕгты бӕстӕ! Йӕ кой дӕр нал ис. Ассириӕгтӕ йӕ, ӕдзӕрӕг быдыры цы хъӕддаг сырдтӕ цӕрынц, уыдоны бар бакодтой. Сӕхицӕн мӕсгуытӕ самадтой ӕмӕ йын ныппырх кодтой йӕ фидӕрттӕ, хӕлддзӕгтӕ йӕ фестын кодтой.


басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон хуыцӕуттӕ нӕ уыдысты. Адӕймаг сӕ хъӕд ӕмӕ дурӕй скодта, ӕмӕ ассириӕгты бон уымӕн баци сӕ ныппырх кӕнын.


Уым цы бацархайдта, уый сӕрмӕ йын Ӕз Мысыры зӕхх хӕрзиуӕгӕн дӕттын, уымӕн ӕмӕ уыдон балӕггад кодтой Мӕнӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Цӕгаты ӕфсӕдтӕ саст куы ӕрцӕуой, уӕд хуссары паддзах йӕхиуыл тынг фервӕсдзӕн, мингай ӕфсӕдтӕ ныццӕгъддзӕн, фӕлӕ уӕддӕр йе знагыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн.


Ниневи, дӕуӕй рантысти, Дунедарӕджы ныхмӕ фыдвӕндтӕ чи аразы, ӕнӕхуыцау уынаффӕтӕ чи кӕны, уый!


Хуыцау рагацау куыд бауынаффӕ ӕмӕ снысан кодта, афтӕ Йӕ сымах муртаттӕгты къухӕй байтыгътат дзуарыл ӕмӕ Йӕ амардтат.


Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan