Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Ассириӕгты арвитдзынӕн ӕнӕхуыцау адӕмы, Мӕ маст кӕмӕ ссыгъди, уыдоны ныхмӕ — уадз ӕмӕ сӕ бастигъой, сафтид сӕ кӕной, уынгты рыгау сӕ бассӕндой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:6
38 Iomraidhean Croise  

Зӕххы рыгау сӕ дымгӕмӕ ныддардтон, уынгты цъыфау сӕ мӕ къӕхты бын бассӕстон.


Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы ӕвастӕй ӕрбабырстон уӕ зӕхмӕ, ныддӕрӕн ӕй кӕнынмӕ? Дунедарӕг мын загъта, цӕугӕ уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ ныддӕрӕн кӕн, зӕгъгӕ».


Иудейӕгты зӕххӕн-иу ӕрмӕст йӕ койӕ дӕр мысырӕгтӕн сӕ зӕрдӕ бауазал уыдзӕн. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сын цы тӕрхон рахаста, уый сӕ кӕмӕнфӕнды йӕ хъуыдыйы куы ’рӕфта — фыр тӕссӕй-иу нырриздзӕн.


Уый у Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, бон Цӕстылуайӕнты Дӕлвӕзы. Уый у сахары систӕ дӕрӕнгӕнӕн бон ӕмӕ хӕхтӕм ӕххуысмӕ дзыназыны бон.


Зӕхх фегад кодтой йӕ цӕрджытӕ, сӕ къух систой Хуыцауы ӕгъдауыл, сзыгъуыммӕ Йын кодтой Йӕ уагӕвӕрдтӕ, фехӕлдтой мыггагмӕйы фидыд.


Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.


Уымӕн ӕмӕ ӕнӕхуыцау ӕнӕхуыцау ныхӕстӕ кӕны, фыдвӕндтӕ кӕны йӕхимидӕг, ӕнӕхуыцау сты йӕ митӕ, Дунедарӕджы тыххӕй тӕригъӕд дзуры, ӕххормагӕн комдзаг хӕлӕг кӕны, дойныйӕ мӕлӕгӕн — дон.


Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг, ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци! Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг, ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци! Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын куынӕуал фӕразай, уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты, дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.


Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»


Ӕз рӕстӕвзары ракодтон цӕгатӕй, ӕмӕ ӕрбацӕуы. Скӕсӕнӕй Мӕм кувы. Цъыфау йӕ къӕхты бын ссӕнды барджынты, дурынгӕнӕг ӕлыг куыд фӕнӕмы, афтӕ.


Дӕ цӕрджытӕ дӕм батагъд кӕндзысты, цӕмӕй дӕ ног саразой, дӕ халджытӕ ӕмӕ дӕ гӕныстонгӕнджытӕ та ацӕудзысты, сӕхи дӕ айсдзысты.


Дунедарӕг зӕгъы: «Хъомысджын уацары кӕй акӕна, уыдон сӕрибаргонд ӕрцӕудзысты, тыхджынӕн дӕр йе ’фтиаг байсдзысты. Уымӕн ӕмӕ дӕ фыдгултимӕ Мӕхӕдӕг тох кӕндзынӕн ӕмӕ дын фервӕзын кӕндзынӕн дӕ фыртты.


Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.


Уыдон ныррыхдзысты домбӕйттау, ратӕлӕт кӕндзысты сӕ фосы хай, ахӕсдзысты йӕ, ӕмӕ йӕ уыдоны дзыхӕй никӕйуал бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ байсын.


Уӕдӕ уын Ӕз зӕгъдзынӕн, Мӕ сӕндонӕн цы бакӕндзынӕн, уый. Йӕ каутӕ йын афӕлдахдзынӕн — уадз ӕмӕ ныггӕныстон уа, йӕ быру йын ныппырх кӕндзынӕн — уадз ӕмӕ фосы къӕхты бын фӕуа.


«О, Ӕз иунӕгӕй лӕмӕрстон сӕн, адӕмтӕй Мӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд. Ӕмӕ Ӕз Мӕ фыр мӕстӕй се ’ппӕты дӕр ссӕстон мӕ къӕхты бын, лӕмӕрстон сӕ сӕнӕфсиры цупӕлттау. Сӕ туг Мыл-иу ӕрбакалд ӕмӕ Мын мӕнӕ самӕста Мӕ дарӕс.


Ӕмӕ уӕд фыр мӕстӕй Мӕ къӕхты бын ныссӕстон алы адӕмты, ныффалгӕрон сӕ кодтон ӕмӕ сын сӕ туг акалдтон зӕххыл».


Ӕцӕг, Дунедарӕг дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр ныххуырсдзӕн, ефремонтӕ иудейӕгтимӕ куы байуӕрстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ чи нӕма уыд, ахӕм фыд заман. Ассирийы паддзахы амӕттаг фӕуыдзыстут.


Уый „баба“ ӕмӕ „гыцци“ дзурын нӕма базондзӕн, афтӕ Дамаскы бынтӕ ӕмӕ Самарийы хӕзнатӕ Ассирийы паддзахы хай бауыдзысты».


Доны хъаймӕтау агуылф кӕндзӕн Иудейыл ӕмӕ йӕ доны бын фӕкӕндзӕн, адӕмӕн суанг сӕ къубалмӕ схӕццӕ уыдзӕн. Дӕ зӕххыл дын кӕрӕй-кӕронмӕ йӕ базыртӕ айтындздзӕн, Эммануил!»


Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл, нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты, сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.


Уӕларвӕфсады Бардарӕджы азар сараудзӕни зӕхх, адӕм арты амӕттаг бауыдзысты, иу сӕ иннӕуыл нал ауӕрддзӕн.


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Ӕмӕ Мӕм мӕнӕ Иудей, Израилы мӕнгард хо, раздӕхт, фӕлӕ зӕрдиагӕй нӕ, цӕстмӕ митӕ кодта ӕрмӕст, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».


Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ?


Уым цы бацархайдта, уый сӕрмӕ йын Ӕз Мысыры зӕхх хӕрзиуӕгӕн дӕттын, уымӕн ӕмӕ уыдон балӕггад кодтой Мӕнӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Мӕхи сыл ныххуырсон ӕмӕ ӕфтиаг ратӕлӕт кӕнон, мӕ бархъомыс ӕрӕвӕрон, ӕцӕгӕлон бӕстӕтӕй ӕрыздӕхӕг адӕм кӕм ӕрцардысты, уыцы сахарты хӕлддзӕгтыл, фос ӕмӕ ӕндӕр мулк чи самал кодта ӕмӕ зӕххы астӕу чи цӕры, уыдоныл‘.


Сава, Дедан ӕмӕ дын Таршишы ӕппӕт сӕудӕджертӕ зӕгъдзысты: ‚Ӕгъа! Ды ӕрцыдтӕ бастигъынмӕ, де ’фсад ӕрӕмбырд кодтай стыр ӕфтиаг ратӕлӕт кӕнынмӕ, ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, фос ӕмӕ ӕндӕр мулк рассивынмӕ, цӕмӕй сафтид кӕнай бӕстӕ‘“.


Ме знаг дӕр уыдӕттӕ фендзӕнис ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Кӕм ис дӕ Дунедарӕг Хуыцау?» Уынджы йӕ цъыфау куыд бассӕнддзысты, уымӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзынӕн.


О Дунедарӕг, ау, Ды ӕнусон нӕ дӕ? Мӕ Уаз Хуыцау, Ды ӕнӕмӕлӕт дӕ! О Дунедарӕг! Ды уыдоны Дӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ рарвыстай! Мӕ Фидар Къӕдзӕх! Хъару сын радтай, цӕмӕй нӕ бафхӕрай!


Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, хӕсты рӕстӕг уынджы рыг цы хӕстонтӕ фессӕндынц, уыдоны ’нгӕс суыдзысты. Дунедарӕг семӕ уыдзӕн, ӕмӕ бӕхӕфсад фӕхудинаг кӕндзысты.


Дыдзӕсгӕмттӕ! Сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan