Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:5
31 Iomraidhean Croise  

Уыцы зӕххӕй ацыди Ассиримӕ, ӕмӕ уым сарӕзта сахартӕ Ниневи, Реховот-Ир ӕмӕ Калах,


Афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ Дунедарӕджы ӕвастӕй ӕрбабырстон уӕ зӕхмӕ, ныддӕрӕн ӕй кӕнынмӕ? Дунедарӕг мын загъта, цӕугӕ уыцы зӕхмӕ ӕмӕ йӕ ныддӕрӕн кӕн, зӕгъгӕ».


Ау, дӕ хъустыл никуы ӕрцыд, Ӕз уыдӕттӕ раджы кӕй снысан кодтон, уый? Рагзаманы цы сфӕнд кодтон, уый ныр сӕххӕст кодтон: фидаргонд сахартӕ дурты кӕритӕ фестадысты.


О, Дунедарӕг нын сарӕзта стыр диссаг, ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон нал уыди!


Дунедарӕг ныннӕрыди уӕлӕрвты, Иууылбӕрзонды хъӕлӕс ныййазӕлыд — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.


Фӕрӕт куыд хъуамӕ раппӕла йӕхицӕй, архайгӕ дзы чи кӕны, уый раз? Науӕд хырх сӕрбӕрзондӕй куыд хъуамӕ кӕса, хырхгӕ дзы чи кӕны, уымӕ? Лӕдзӕг, йӕ къухмӕ йӕ чи райсы, уыцы адӕймаджы ныттилдзӕни, мыййаг? Къобола лӕдзӕг, хъӕдӕй конд чи нӕу, уыцы цардуды хӕрдмӕ сисдзӕн?


Чысыл ма, хӕрз чысыл ма, ӕмӕ уӕм Мӕ маст ссӕудзӕн, ӕмӕ уӕд ассириӕгты Мӕ азары амӕттаг бакӕндзынӕн».


Дард бӕстӕй, арвы кӕронӕй, ӕрбацӕуынц Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ азар, цӕмӕй ӕгас зӕхх бабын кӕной.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг басомы кодта: «Ӕз сараздзынӕн, цы сфӕнд кодтон, уый. Цы тӕрхон рахастон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.


Ассириӕгты ныддӕрӕн кӕндзынӕн Мӕ зӕххыл, бассӕнддзынӕн сӕ Мӕ хӕхтыл, ӕмӕ уӕд Мӕ адӕм сӕ бӕрзӕйӕ раппардзысты се ’фсондз, се уӕхсчытӕ фервӕздзысты сӕ уаргъӕй».


Гъе уый дын халдейӕгты бӕстӕ! Йӕ кой дӕр нал ис. Ассириӕгтӕ йӕ, ӕдзӕрӕг быдыры цы хъӕддаг сырдтӕ цӕрынц, уыдоны бар бакодтой. Сӕхицӕн мӕсгуытӕ самадтой ӕмӕ йын ныппырх кодтой йӕ фидӕрттӕ, хӕлддзӕгтӕ йӕ фестын кодтой.


Уӕ мӕ адӕм! Уӕ хӕдзӕрттӕм бахизут, уӕ дуӕрттӕ сӕхгӕнут ӕмӕ афтӕмӕй, цалынмӕ Хуыцауы азар аивгъуыйа, уӕдмӕ уӕхи бафӕсвӕд кӕнут.


Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!


Дардӕй ӕрбаввахс кӕны Дунедарӕджы ном! Йӕ маст судзы пиллон артау, ничи йын бафӕраздзӕн. Йӕ ком — йемыдзаг мастӕй, Йе ’взаг — алцы ныхъуырӕг артау.


Уӕд ныййазӕлдзӕни Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс; Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы.


Ацы адӕм хиваст сты, фӕлывд цот Мын сты, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ хъусын сӕ нӕ фӕнды.


Дунедарӕджы маст ссыгъд ӕппӕт адӕмтӕм, ӕппӕт дзыллӕтӕм. Йӕ азары амӕттаг сӕ бакодта, мӕлӕты тӕрхон сын рахаста.


Уыдӕттӕ куы бавзарат, уӕд барухс уыдзӕни уӕ зӕрдӕ. Уалдзыгон кӕрдӕг куыд базмӕлы, афтӕ базмӕлдзӕн уе уӕнгты туг». Дунедарӕг Йӕ цагъарты фервӕзын кӕндзӕн Йӕ хъомысджын къухӕй, Йӕ фыдгулты Йӕ азары хай бакӕндзӕн.


Ӕцӕг, Дунедарӕг дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр ныххуырсдзӕн, ефремонтӕ иудейӕгтимӕ куы байуӕрстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ чи нӕма уыд, ахӕм фыд заман. Ассирийы паддзахы амӕттаг фӕуыдзыстут.


Бардарӕг Евфраты фале баххуырсдзӕн Ассирийы паддзахы, ӕмӕ уын уый адасдзӕни уӕ сӕртӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ, суанг ма уын уӕ боцъотӕ дӕр алвындзӕн.


Уый „баба“ ӕмӕ „гыцци“ дзурын нӕма базондзӕн, афтӕ Дамаскы бынтӕ ӕмӕ Самарийы хӕзнатӕ Ассирийы паддзахы хай бауыдзысты».


ӕмӕ сыл уый тыххӕй Дунедарӕг рауадздзӕн Евфраты стыр ӕмӕ абухгӕ дӕттӕ — Ассирийы паддзахы йе ’ппӕт хъомысимӕ. Ӕмӕ уый йе ’ппӕт донвӕдтӕй анхъӕвздзӕни размӕ, йӕ былгӕрӕттӕ доны бын фӕуыдзысты.


Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Мӕнӕ ӕрхӕццӕ ис уыцы бон! Ралӕууыд, ӕрцыди уе сӕфт! Тыхгӕнӕджы лӕдзӕг къуыбар ӕфтауы, схъӕлдзинад та дидинӕг калы.


Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


Рагуац Ниневийы тыххӕй. Елкошаг Наумы чиныг — цӕстылуайӕнты йын цы раргом ис, уый.


О Дунедарӕг, ау, Ды ӕнусон нӕ дӕ? Мӕ Уаз Хуыцау, Ды ӕнӕмӕлӕт дӕ! О Дунедарӕг! Ды уыдоны Дӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ рарвыстай! Мӕ Фидар Къӕдзӕх! Хъару сын радтай, цӕмӕй нӕ бафхӕрай!


Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн, Ниневийы сахар дурты кӕри, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.


Мӕнӕ Киттимӕй ӕрбацӕуынц наутӕ ӕмӕ басӕтдзысты Ассири ӕмӕ Еверы зӕххытӕ, фӕлӕ сӕхӕдӕг дӕр царӕфтыд фӕуыдзысты!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan