4 Уацайрӕгтимӕ уӕ уӕрджытыл ӕрлӕудзыстут, йе та мӕлӕты амӕттаг бауыдзыстут. Фӕлӕ ууыл дӕр Йӕ маст нӕма ссӕудзӕн, Йӕ къух нӕма ӕруадздзӕни дӕлӕмӕ.
Цы схъомпал дӕ, сахар, дӕ хъӕлӕба, дӕ цины уынӕр куы хъуысы! Дӕ адӕмӕй чи фӕмард ис, уыдон кардылӕфтыд нӕ фесты, тохы быдыры нӕ байсӕфтой сӕ сӕртӕ.
Ахӕстытау хъоргъы ӕппӕрст ӕрцӕудзысты иумӕ. Бирӕ бонты сӕ гуыдырӕхгӕдӕй фӕдардзысты, стӕй сӕ бафхӕрдзысты.
Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты уӕлӕуыл ӕмӕ сысмаг уыдзысты, хӕхтӕ ныуудӕсдзысты сӕ туджы.
Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.
Дунедарӕг арт ӕмӕ кардӕй тӕрхон кӕндзӕн адӕмӕн, ӕмӕ Дунедарӕджы цӕфӕй бирӕтӕ сӕ мӕлӕт ссардзысты.
Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг Рецины ӕфсад сӕ ныхмӕ сыстын кӕндзӕн, хӕцӕнгарзӕй сифтонг кӕндзӕн фыдгулты:
скӕсӕнӕй — арамейӕгты, ныгуылӕнӕй — филистимӕгты. Уыцы кӕрӕфтӕ аныхъуырдзысты Израилы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.
Адӕмы сӕ фӕтӕгтӕ фӕрӕдийын кӕндзысты, рӕдыд фӕндагыл сӕ акӕндзысты, цӕмӕй бабын уой.
Уымӕ гӕсгӕ сын Дунедарӕг нӕ бацин кӕндзӕни сӕ лӕппутыл, нӕ сын батӕригъӕд кӕндзӕни сӕ сидзӕртӕ ӕмӕ сӕ идӕдзтӕн, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр цӕстфӕлдахджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ сты, сӕ дзыхы ныхас — ӕлгъаг. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.
Сӕ къух-иу цӕуыл фӕхӕст уа, уый ӕргӕвддзысты ӕмӕ хӕрдзысты, фӕлӕ-иу уӕддӕр се стонг нӕ басӕтдзысты, сыдӕймӕлӕгау сын бафсис нӕ уыдзӕн. Алчи йӕ хионы хӕрдзӕни:
Менассиа — Ефремы, Ефрем — Менассиайы, сӕ дыууӕ та — Иудӕйы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.
Кӕдӕм ацӕуӕм, зӕгъгӕ дӕ куы бафӕрсой, уӕд-иу сын ды Дунедарӕджы номӕй афтӕ зӕгъ: мӕлӕт кӕмӕ кӕсы, уый йӕ мӕлӕт ссарӕд; кард кӕмӕ кӕсы, уый карды цӕфӕй амӕлӕд; стонг бавзарын кӕй хъӕуы, уый стонгӕй мӕлӕд; уацар кӕмӕ кӕсы, уый уацары ацӕуӕд.
Уӕ ныхмӕ цы халдейӕгты ӕфсад хӕцы, ууыл куы фӕуӕлахиз уыдаиккат ӕмӕ ма сӕм ӕрмӕст, чи фӕцӕф ис, ахӕм хӕстонтӕ куы баззадаид, уӕд уыдон дӕр рацыдаиккой сӕ цатыртӕй ӕмӕ ацы сахар басыгътаиккой».
Уӕдӕ уӕ уӕлӕ скӕнут сӕхъис, кӕут ӕмӕ дзыназут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы азарӕй нӕ фервӕздзыстут!
Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се ’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд!
Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.
Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“