Исайа 10:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст30 Хъӕрахст кӕн, Галлимы сахар! Хъус ӕм, Лаеша! Бафӕзм ӕй, Анатот! Faic an caibideil |
Ӕмӕ мӕнӕ, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ мӕм мӕ фыды ’фсымӕры фырт Ханамел хъахъхъӕнджыты кӕртмӕ ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Бениамины зӕххыл мын, Анатоты сахары цур, зӕххы хай ис, ӕмӕ йӕ балхӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы зӕхх дӕу хъуамӕ уа, йӕ цъындыаргъ дӕуӕн фидгӕ у, балхӕн ӕй». Уӕд ӕз бамбӕрстон, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый.
Фондз лӕджы дарддӕр ацыдысты. Лаишы сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд федтой, уыцы ран адӕм сидойнӕгтау ӕнӕмӕтӕй, сабыр ӕмӕ ӕдасӕй кӕй цӕрынц, уый. Сӕ алыварс, чи сӕ ӕфхӕра, сӕ зӕххӕй сӕ чи сура кӕнӕ сын ӕлдариуӕг чи кӕна, ахӕмӕй ничи царди. Сидойнӕгтӕй дард уыдысты, сӕ сыхӕгтӕй та ӕввахс никӕмӕ цыдысты.