Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Тӕрхоны бон куы ралӕууа, дардӕй уӕм фыдбылыз куы фӕзына, уӕд чердӕм цы кӕндзыстут, ӕххуысагур кӕмӕ лидздзыстут? Кӕм бафснайдзыстут уӕ бирӕ исбон?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:3
40 Iomraidhean Croise  

Йаковы хъустыл ӕрцыдысты Лаваны фыртты ныхӕстӕ: «Йаков нын нӕ фыды исбон иууылдӕр йӕхирдыгӕй фӕкодта. Уый бӕрц мулк ратыдта нӕ фыдӕй!»


Фӕдагур фӕцыдысты суанг Иорданы онг. Ныр сириӕгтӕ та сӕ фыртагъдӕй фӕндагыл фӕкалдтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ алы дзаумӕттӕ, ӕмӕ сын сӕ адон куы федтой, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхтысты ӕмӕ паддзахӕн хабар радзырдтой.


уӕд цы зӕгъдзынӕн, Хуыцау мӕ ныхмӕ куы ралӕууа ӕмӕ мӕ дзуапп куы ӕрдома, уӕд?


Дунедарӕджы масты бон куы ралӕууа, уӕд мулкӕй ницы пайда уыдзӕн, фӕлӕ, раст фӕндагыл чи цӕуы, уый мӕлӕтӕй фервӕздзӕн.


Ӕрдиаг кӕнут — Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс, Ӕппӕтхъомыс дӕрӕнгӕнгӕ ӕрцӕудзӕн.


Уыцы бон Йаковы кад ӕрныллӕг уыдзӕн, смӕллӕг уыдзӕн йӕ нард буар.


Денджызгӕрон бӕстӕты адӕмтӕ дзурдзысты: «Мӕнӕ цы ’рцыди, нӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтам, уыдоныл, ӕххуысагур кӕмӕ цыдыстӕм, Ассирийы паддзахӕй нӕ фервӕзын кӕнут, зӕгъгӕ! Куыд ма фервӕздзыстӕм ныр?»


Дӕ фыдгултӕн сӕ мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, сӕ хӕрвӕгтӕ нӕ рацӕудзысты ингӕнтӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ Ды быныскъуыд фӕкодтай, сӕ кой дӕр куыд никуыуал уа, афтӕ.


Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.


Уӕ хуыссӕн ӕгӕр цыбыр уыдзӕн, цӕмӕй уӕ къӕхтӕ адаргъ кӕнат, уӕ хъӕццул та — ӕгӕр нарӕг, цӕмӕй уӕхи ӕрбануӕрдат.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг дыл Йӕ азар ныххуырсдзӕни ӕрвнӕрдау, зӕххӕнкъуыстау, ӕвирхъау тыхджын уынӕрау, уадтымыгъау, тыгъдызӕйау, алцы ныхъуырӕг артау.


ӕмӕ дзурут, зӕгъгӕ, бӕхтыл алидздзыстӕм. Уӕдӕ алидздзыстут ӕцӕгдӕр! Дзурут, зӕгъгӕ, фӕтары уыдзыстӕм дугъон бӕхтыл. Гъемӕ уӕ фӕсте чи асура, уыдон уӕ баййафдзысты.


Фӕлӕ фӕхудинаг уыдзысты се ’ппӕт дӕр, уымӕн ӕмӕ уыцы бӕстӕйы адӕмӕй нӕдӕр ӕххуыс фендзысты, нӕдӕр — пайда; ӕрмӕст фӕхудинаг ӕмӕ фӕфидиссаг уыдзысты».


Мысырмӕ бынтон дзӕгъӕлы у сӕ каст, ницы дзы рауайдзӕн ӕппындӕр. Уымӕ гӕсгӕ Ӕз Мысыры схуыдтон ӕнӕзмӕлгӕ Рахав.


Сионы тӕригъӕдджынтӕ фӕтарстысты, ӕмризӕджы барызтысты ӕмӕ загътой: «Ӕнауӕрдон артӕн чи бафӕраздзӕн? Ӕнӕхуысгӕ пиллоны мидӕг цӕрын кӕй бон бауыдзӕн?»


Уӕд пехуымпар Исайа бацыди паддзах Езекиамӕ ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы дын дзырдтой уыцы адӕм? Кӕцӕй дӕм ӕрбацыдысты?» Езекиа загъта: «Дард бӕстӕй мӕм ӕрбацыдысты, Вавилонӕй».


Уӕрӕх байгом ис мӕрдтыбӕстӕн йӕ ком — ӕмхуызонӕй аныхъуырдзӕни уӕздӕтты ӕмӕ сау адӕмы, хъӕлӕба ӕмӕ цин чи кодта, ӕппӕт уыдоны.


Дард чи цӕры, уыцы адӕмтӕм сидгӕйӕ, сисдзӕни тохы тырыса, зӕххы кӕрӕтты цӕрджытӕм фехситт кӕндзӕни ӕмӕ уыдон фӕстиат нӕ фӕкӕндзысты.


Дӕ ныхмӕ дын сафджытӕ сцӕттӕ кодтон, се ’ппӕтмӕ дӕр хӕцӕнгӕрзтӕ радтон. Дӕ хуыздӕр нӕзы бӕлӕстӕ дын акалдзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты.


О, удхарӕй кӕй амардтой, уыцы зӕхх! Цы кӕндзынӕ ды та? Дӕхи-иу сӕнт сырх ӕмӕ сыгъзӕрин дарӕстӕй сфӕлыстай, сахуырстай-иу дӕ цӕстытӕ. О, дзӕгъӕлы-иу сфӕлыстай дӕхи! Дӕ хӕзгултӕ дыл ӕлгъ кӕнынц, дӕ мӕлӕтмӕ бӕллынц».


пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?


Ау, Ӕз сӕ уый тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?»


Ефрем федта йӕ низ, Иудӕ — йӕ хъӕдгом. Уӕд Ефрем ацыдис Йаревмӕ, Ассирийы паддзахмӕ, фӕлӕ йын уымӕн ницы у йӕ бон, йӕ низӕй йӕ нӕ фервӕзын кӕндзӕни.


Цы ми кӕндзыстут уӕ бӕрӕгбӕтты, Дунедарӕджы бӕрӕгбон куы ’рхӕццӕ уа, уӕд?


Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.


Уыцы бон, цыма адӕймаг домбайӕ фӕцӕйлыгъд ӕмӕ ӕвиппайды йӕ размӕ арс фӕци, хӕдзармӕ балыгъд, йӕ къухӕй къулыл андзӕвыд ӕмӕ йыл калм фӕхӕцыд, уый хуызӕн у.


Хуыздӕр сӕ чи у, уый дӕр — какон сындз, сӕ рӕстдзинад — сындзджын кауӕй фыддӕр. Фӕлӕ мӕнӕ, Дӕ пехуымпартӕ цы бонӕй дзырдтой, уый ӕрхӕццӕ кӕны, Дӕ тӕрхоны бон ӕрбаввахс ис, ӕмӕ ныр сӕмтъеры уыдзысты.


Дунедарӕгӕн Йӕ азары бон куы ралӕууа, уӕд сӕ нӕдӕр се ’взист, нӕдӕр сӕ сыгъзӕрин фервӕзын кӕндзысты. Дунедарӕджы зӕрдӕхсайды арт аныхъуырдзӕн ӕгас зӕхх, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕвиппайды бынсӕфт фӕкӕндзӕн.


Ныппырх дӕ кӕндзысты, дӕ цӕрджыты дын ныццӕгъддзысты дӕ мидӕг ӕмӕ дӕ дур дурыл нал ныууадздзысты, Хуыцауы ӕрцыды афон кӕй нӕ базыдтай, уый тыххӕй».


Дунедарӕджы фӕндӕй уыл арвы кӕронӕй цӕргӕсау сӕхи ныццӕвдзысты, се ’взаг дӕр кӕмӕн не ’мбардзыстут, ахӕм адӕм,


Муртаттӕгты ӕхсӕн уӕ цард уӕд фӕзминаг. Фыдгӕнджытӕ уӕ чи хоны, уыдон уыл кӕд цъыф калынц, уӕддӕр уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уындзысты ӕмӕ скад кӕндзысты Хуыцауӕн, куы ’рцӕуа, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan