Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕм галтӕрӕн ехсӕй февзиддзӕн ӕмӕ, кӕддӕр Сынты Къӕдзӕхы цур мидианӕгты куыд ныддӕрӕн кодта, афтӕ адоныл дӕр нӕ бацауӕрддзӕн. Денджызмӕ февзиддзӕни Йӕ лӕдзӕгӕй, кӕддӕр Мысырмӕ куыд февзыста, афтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:26
21 Iomraidhean Croise  

Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв фӕзынди Дунедарӕджы зӕд ӕмӕ ассириӕгты рӕсӕнуаты ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Сбон ис, ӕмӕ мӕнӕ алырдыгӕй — мӕрдтӕ.


Дӕ Кувӕндоны кӕрты иу бон алӕууын ӕндӕр ран мин боны арвитынӕй — хуыздӕр! Ӕнӕхуыцӕутты цатырты цӕрынӕй Хуыцауы хӕдзарӕн йӕ къӕсӕры цур лӕууын — хуыздӕр!


Ды та дӕ лӕдзӕгӕй денджызмӕ ацамон, дон фӕйнӕрдӕм акӕлдзӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл цӕуӕгау ацӕудзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, зӕгъы: «Мӕ адӕм, Сионы хохыл цӕрджытӕ! Ма тӕрсут ассириӕгтӕй, суанг уӕм лӕдзӕгӕй куы февзидой ӕмӕ уын кӕддӕр мысырӕгтӕ куыд бакодтой, афтӕ уӕм къобола лӕдзӕг куы сисой, уӕд дӕр.


Уӕд, Дунедарӕгӕн Ассирийы цы адӕм баззайа, уыдон уырдыгӕй здӕхдзысты уӕрӕх фӕндагыл, кӕддӕр Израилы адӕм Мысыры зӕххӕй куыд здӕхтысты, афтӕ.


Уӕд ныййазӕлдзӕни Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс; Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы.


Ассири ӕмризӕджы нырриздзӕн Дунедарӕджы хъӕрӕй, Йӕ лӕдзӕджы цӕфӕй.


Йӕ лӕдзӕджы алы цӕфимӕ дӕр айзӕлдзӕни далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд. Дунедарӕг Ассирийы ныхмӕ схӕцдзӕни Йӕхӕдӕг ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кӕндзӕни.


О Хуыцау, Ды сбирӕ кӕндзынӕ ацы адӕмы, стыр цин сын бауадздзынӕ сӕ зӕрдӕты. Уыдон цин кӕндзысты Дӕ разы, цыма зӕххӕй бӕркадджын тыллӕг исынц кӕнӕ ӕфтиаг уарынц, уыйау.


Кӕддӕр сӕ мидианӕгтӕй куыд фервӕзын кодтай, афтӕ сын Ды ныр дӕр ныппырх кӕндзынӕ сӕ уӕззау ӕфсондз — ӕцӕгӕлон ӕлдарады ӕфсондз ӕмӕ фыдӕбойнаг рӕхыс, стӕй, цы лӕдзӕгӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уый дӕр.


Муртаттӕгты маст рафыхт, ӕмӕ ралӕууыд Дӕ азар, мӕрдтӕн тӕрхон хӕссыны, Дӕ цагъар пехуымпартӕн, сыгъдӕджытӕн, Дӕуӕй тӕрсджытӕн — хуымӕтӕгтӕн ӕмӕ номдзыдтӕн — фиддон раттыны, бӕстӕ сафджыты фесафыны рӕстӕг».


Йӕ дзыхӕй зынди цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ хиздзӕнис ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны Йӕ къӕхтӕй лӕмары сӕнӕфсир — Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн.


Мидианӕгты дыууӕ фӕтӕджы, Зеев ӕмӕ Оревы ӕрцахстой. Зеевы амардтой Зеевы сахары, Оревы та — Оревы сахары. Израилӕгтӕ дарддӕр зылдысты мидианӕгты фӕдыл. Гедеонӕн Иорданы фалейӕ Зеев ӕмӕ Оревы сӕртӕ ӕрбахастой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan