Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Чысыл ма, хӕрз чысыл ма, ӕмӕ уӕм Мӕ маст ссӕудзӕн, ӕмӕ уӕд ассириӕгты Мӕ азары амӕттаг бакӕндзынӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:25
17 Iomraidhean Croise  

Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв фӕзынди Дунедарӕджы зӕд ӕмӕ ассириӕгты рӕсӕнуаты ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Сбон ис, ӕмӕ мӕнӕ алырдыгӕй — мӕрдтӕ.


О Дунедарӕг, зоныс мын мӕ бӕллицтӕ, мӕ иу сулӕфт дӕр сусӕг нӕу Дӕуӕй.


Фыдракӕндтӕ чи тауы, уый фыдбылызы бахаудзӕн, йӕ фыдӕхы лӕдзӕг ӕвӕдӕй фесӕфдзӕн.


Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!


Ӕрдиаг кӕнут — Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс, Ӕппӕтхъомыс дӕрӕнгӕнгӕ ӕрцӕудзӕн.


Уӕ мӕ адӕм! Уӕ хӕдзӕрттӕм бахизут, уӕ дуӕрттӕ сӕхгӕнут ӕмӕ афтӕмӕй, цалынмӕ Хуыцауы азар аивгъуыйа, уӕдмӕ уӕхи бафӕсвӕд кӕнут.


Уысмы бӕрц дӕ ныууагътон, фӕлӕ дӕ бирӕ уарзын ӕмӕ дӕ ӕрхондзынӕн фӕстӕмӕ.


Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: рӕхджы ма Ӕз ноджы иу хатт нынкъусдзынӕн арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ сурзӕхх.


Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрз гыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ, ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan