Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, куыд снысан кодта, афтӕ ӕгас зӕххы дӕр баййафдзӕни Йӕ азар.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:23
8 Iomraidhean Croise  

Хуыцау у адӕмты паддзах, Хуыцау ӕрбадти Йӕ уаз паддзахы бадӕны!


Уӕдӕ дзӕгъӕлдзырд мауал кӕнут, науӕд уӕ рӕхыстӕ ноджы уӕззаудӕр суыдзысты. Дунедарӕгӕй, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, фехъуыстон, ӕгас зӕххӕн йе сӕфт нысангонд кӕй у, уый.


Цӕгаты паддзах раздӕрау, цы йӕ фӕнда, уыдӕттӕ кӕндзӕн, тынг схъал уыдзӕн ӕмӕ йӕхи хуыцӕуттӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн. Хуыцӕутты Хуыцауы ныхмӕ ӕвирхъау фауӕн ныхӕстӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты уыдзӕни ӕнтыстджын, цалынмӕ уыцы уӕззау заманӕн йӕ кӕрон ӕрцӕуа, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ, рагацау цы снысан чындӕуыд, уыдӕттӕ хъуамӕ иууылдӕр сӕххӕст уой.


Ӕрбабырсӕг фӕтӕг бирӕтимӕ авд азы ӕмгъуыдмӕ бафидаудзӕн ӕмӕ, цалынмӕ авд азы иу ӕмбис рацӕуа, уӕдмӕ Кувӕндоны ӕмгӕрон хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ нал уадздзӕн. Кувӕндоны ралӕудзӕни ӕлгъаг заууат, цалынмӕ гӕныстонгӕнӕгӕн йе сӕфт ӕрцӕуа, уӕдмӕ, рагацау куыд нысангонд уыд, афтӕ».


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ тӕрхон зӕххыл рахӕсдзӕни тагъд ӕмӕ цӕхгӕрӕй».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan