21 Чи ма дзы фервӕза, уыдон раздӕхдзысты, Йаковы байзӕддӕгтӕ раздӕхдзысты хъомысджын Хуыцаумӕ.
Ӕндӕр рӕттӕм чи фӕхауди, кӕмфӕнды уӕд, уыдонмӕ та бынӕттон цӕрджытӕ, Хуыцауы Кувӕндонӕн мысайнӕгтӕ раттынӕй уӕлдай, фӕкӕсӕнт ӕвзист, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕй“».
Афтӕмӕй Дунедарӕг Мысыры адӕмыл бафтаудзӕни Йӕ фыдӕх, цӕмӕй сын уый фӕрцы сӕ цард банывыл кӕна. Уыдон Дунедарӕгмӕ се ’ргом сараздзысты, ӕмӕ сын Уый фехъусдзӕни сӕ куывдтытӕ ӕмӕ сын ахъаз бакӕндзӕн.
Уӕд та, Иудӕйы байзӕддагӕй чи фервӕза, уыдон ауадздзысты арф уидӕгтӕ ӕмӕ ратдзысты хъӕздыг тыллӕг.
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕрбайхъусут-ма, Йаковы хӕдзарвӕндаг, Израилы адӕмӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдон иууылдӕр! Гуыргӕ-гуырын Мӕ къухтӕм кӕй райстон, сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ Мӕ къухтыл кӕй хӕссын, уыдон.
Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.
«О, ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг Сионмӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕм, йӕ фыдракӕндтӕ чи ныууагъта, уыдонмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг.
Дунедарӕг Исайайӕн бафӕдзӕхста: «Дӕ фырт Шеар-Йашувимӕ Ахазы размӕ ацу, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уымӕн йӕ ратӕдзӕнмӕ.
Адӕм, чи сӕ цӕвы, Уымӕ нӕ раздӕхынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы нӕ агурынц.
Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.
Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Израилӕн агурдзысты йӕ азым, фӕлӕ аххосджын нӕ разындзӕн, Иудӕйӕн агурдзысты йӕ тӕригъӕд, фӕлӕ йӕ не ссардзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз, цардӕгасӕй кӕй ныууадздзынӕн, уыдонӕн ныххатыр кӕндзынӕн.
Самари баййафдзӕнис ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцауы ныхмӕ сыстади. Йӕ адӕм карды амӕттаг фӕуыдзысты, сӕ сабиты сын уӕнггай скӕндзысты, сывӕрджын сылгоймӕгтӕн сӕ гуыбынтӕ акъӕртт кӕндзысты.
Хъизӕмар куы кӕной, уӕд Мӕ сӕумӕйӕ агурдзысты: «Цомут, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм — Уый ныл низ бафтыдта, ӕмӕ нӕ Уый Йӕхӕдӕг сӕнӕниз скӕндзӕни, Уый нӕ ӕрцавта, ӕмӕ нын нӕ хъӕдгӕмттӕм дӕр Уый базилдзӕн.
Израилӕгтӕн сӕ хирвӕссондзинад сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕууы, фӕлӕ уӕддӕр Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ, нӕ раздӕхтысты ӕмӕ Йӕ не ’рцагуырдтой.
Се ’ргом здахынц, фӕлӕ Иууылбӕрзондмӕ нӕ! Чи ныззылын ӕмӕ йӕ мысаныл чи нӕ сӕмбӕлы, ахӕм фаты хуызӕн систы. Сӕ къӕйных ныхӕсты тыххӕй се ’лдӕрттӕ карды амӕттаг бауыдзысты, ӕмӕ сыл мысырӕгтӕ сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты.
Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.