16 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ассирийы гуыппырсартӕн фесафдзӕни сӕ хъару, йӕ кад ын басудздзӕни артау.
ӕмӕ Дунедарӕг зӕды рарвыста. Уыцы зӕд Ассирийы паддзахӕн йӕ сахъ хӕстонтӕ, йе ’фсады хицӕуттӕ ӕмӕ йӕ фӕтӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагъта. Ӕмӕ паддзах худинаджы гаккимӕ аздӕхти йӕ бӕстӕм. Иуахӕмы йӕ хуыцауы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд ӕй уым йӕ фырттӕ кардӕй амардтой.
Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!
Ныффӕйлаудзӕн ын йӕ диссаджы хъӕдтӕ ӕмӕ дыргъдӕттӕ бӕласӕй, къутӕрӕй. Афтӕмӕй Ассирийы бӕстӕ мӕлӕтдзаг рынчыны хал ахӕрдзӕн.
Уыцы бон Йаковы кад ӕрныллӕг уыдзӕн, смӕллӕг уыдзӕн йӕ нард буар.
О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.
Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.
Дӕ къӕйных ӕмӕ де схъӕлдзинады кой Мӕ хъустыл кӕй ауад, уый тыххӕй дын дӕ фындзыл цӕг бакӕндзынӕн, дӕ дзыхы — идоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ дӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты фӕстӕмӕ аздахдзынӕн“.
Уӕд ассириӕгты рӕсӕнуатмӕ бацыди Дунедарӕджы ӕрвыст удхӕссӕг ӕмӕ сӕ амардта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Райсомӕй се ’ппӕты дӕр ссардтой мардӕй.
Уӕд уӕрыччытӕ хибарӕй хиздзысты сахары кӕлддзӕгты ’хсӕн, хӕтӕнхуаг фыййӕуттӕ та ӕрбаддзысты, бонджынты бынтӕй ма цы баззайа, ууыл.
ӕмӕ сыл уый тыххӕй Дунедарӕг рауадздзӕн Евфраты стыр ӕмӕ абухгӕ дӕттӕ — Ассирийы паддзахы йе ’ппӕт хъомысимӕ. Ӕмӕ уый йе ’ппӕт донвӕдтӕй анхъӕвздзӕни размӕ, йӕ былгӕрӕттӕ доны бын фӕуыдзысты.
Кӕддӕр сӕ мидианӕгтӕй куыд фервӕзын кодтай, афтӕ сын Ды ныр дӕр ныппырх кӕндзынӕ сӕ уӕззау ӕфсондз — ӕцӕгӕлон ӕлдарады ӕфсондз ӕмӕ фыдӕбойнаг рӕхыс, стӕй, цы лӕдзӕгӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уый дӕр.
Хӕстонтыл тохы быдыры цы къахыдарӕс уыди, уыдон ӕмӕ сӕ тугамӕст пӕлӕзтӕ арты амӕттаг бауыдзысты.
Ӕз уын уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Уӕ хъӕдыл уын арт бандзардзынӕн, ӕмӕ уыцы арт, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр аныхъуырдзӕн».
Куыд у уӕ бон афтӕ дзурын: «Мах тыхджын стӕм, хӕсты быдыры — ӕхсарджын!»
Сӕфт фосы-иу ссардзынӕн, чи фӕдзӕгъӕл уа, уый-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн, фӕцӕф ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын бабӕтдзынӕн йӕ хъӕдгом, рынчынмӕ-иу базилдзынӕн, ӕгӕр чи снард ӕмӕ абухгӕ чи кӕны, уыцы фосы та фесафдзынӕн, хиздзынӕн сӕ рӕстӕй.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Кӕд сын цӕдисонтӕ ис ӕмӕ ӕнӕнымӕц сты, уӕддӕр бабын уыдзысты ӕмӕ сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Дӕу та, Иудей, кӕд ныронг хъизӕмарӕй мардтон, уӕд нырӕй фӕстӕмӕ афтӕ нал уыдзӕн.
Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн, Ниневийы сахар дурты кӕри, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта:
Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.