Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Фӕрӕт куыд хъуамӕ раппӕла йӕхицӕй, архайгӕ дзы чи кӕны, уый раз? Науӕд хырх сӕрбӕрзондӕй куыд хъуамӕ кӕса, хырхгӕ дзы чи кӕны, уымӕ? Лӕдзӕг, йӕ къухмӕ йӕ чи райсы, уыцы адӕймаджы ныттилдзӕни, мыййаг? Къобола лӕдзӕг, хъӕдӕй конд чи нӕу, уыцы цардуды хӕрдмӕ сисдзӕн?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:15
9 Iomraidhean Croise  

Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!


Куыд ӕнӕзонд стут! Дурынгӕнӕгӕн куыд ис ӕлыг схонӕн? Кӕнӕ исты дзаума йе скӕнӕгӕй куыд хъуамӕ зӕгъа, уый мӕ не скодта, зӕгъгӕ? Дурын дурынгӕнӕгӕй куыд хъуамӕ зӕгъа, уый мурдӕр ницы ’мбары, зӕгъгӕ?


Кӕй фаудтай ды, Кӕмӕн фӕкодтай фидистӕ? Кӕуыл хъӕр кодтай, Кӕмӕ кастӕ ӕнӕввӕрсон цӕстӕй? Израилы Стыр Хуыцаумӕ.


Додой йӕ къона, йе Скӕнӕджы ныхмӕ чи рацӕуы, домгӕ Йӕ чи кӕны! Уый ницы у, дурыны саст ӕмӕ зӕххы рыджы йеддӕмӕ. Ӕлыджы мур куыд хъуамӕ бафауа дурынгӕнӕджы, уый цы ми кӕныс, зӕгъгӕ? Дурын дӕр йӕ саразӕгӕн куыд хъуамӕ бафидис кӕна, къухтӕ дын нӕй, ӕви, зӕгъгӕ?


Бардарӕг Евфраты фале баххуырсдзӕн Ассирийы паддзахы, ӕмӕ уын уый адасдзӕни уӕ сӕртӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ, суанг ма уын уӕ боцъотӕ дӕр алвындзӕн.


Ӕмӕ уӕд дӕ марӕджы раз дӕр, адӕймаг уӕвгӕйӕ, афтӕ зӕгъдзынӕ, мыййаг, ӕз хуыцау дӕн, зӕгъгӕ?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan