Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Адӕмтӕн ратӕлӕт кодтон сӕ исбон, мӕргъты ахстӕттӕ сафтидгӕнӕгау; уагъд ӕйчытау ӕз ӕппӕт зӕххытӕ байстон, ӕмӕ мыл ничи йӕ базыр сцагъта, ничи йӕ дзых фӕхӕлиу кодта, ничи мыл цъиу-цъиу скодта».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:14
14 Iomraidhean Croise  

Ау, ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг нӕ зонут, ӕз ӕмӕ мӕ фыдӕлтӕ алы бӕстӕты адӕмтӕн цытӕ бакодтам, уый? Ӕмӕ дзы сӕ хуыцӕуттӕй кӕцыйӕн бантыст сӕ зӕххытӕ мӕ къухӕй фервӕзын кӕнын?


куы цин кодтаин мӕ бирӕ мулкыл, мӕ къухты бӕркадыл;


Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.


уый хъӕхъхъагӕй алы адӕмты цавта, иу цӕф сын иннӕйы фӕдыл кодта, ӕлдариуӕг сын кодта карзӕй, ӕфхӕрдта сӕ ӕгъатырӕй.


Ме знаджы зӕххыл дам-иу мӕхицӕн скъахтон цъайтӕ мӕ дойны сӕттынӕн. Мысырӕн, дам, йӕ цӕугӕдӕттӕ та байсысын кӕндзынӕн мӕ къӕхты бын.


Додой уӕ къона, ӕнӕфсис тонагӕнджытӕ, иу хӕдзар иннӕйы фӕдыл, иу хуымзӕхх иннӕйы фӕдыл йӕхирдӕм чи ссивы! Иу гӕппӕл никӕмӕнуал ныууагътат, раст цыма сымах йеддӕмӕ зӕххыл цӕрӕг нал баззади, уыйау.


О къӕдзӕхты цъассыты цӕрӕг, хӕхты цъуппыты хицау! Хъӕхъхъаг ӕмӕ къӕйных кӕй дӕ, ууыл дӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы дардтай. Уӕлиау ахстон скодтай цӕргӕсау, фӕлӕ дӕ Ӕз уырдыгӕй раппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Уӕхицӕй ӕппӕлыдыстут Мӕ разы, уе ’взӕгтӕ суагътат Мӕ ныхмӕ. Ӕз алцыдӕр фехъуыстон.


Фӕлӕ цӕргӕсау бӕрзонд куы стӕхай ӕмӕ стъалыты астӕу дӕхицӕн ахстон куы сбийай, уӕд дӕ уырдыгӕй дӕр расхойдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Хӕлоф кӕнут ӕвзистыл! Сыгъзӕрин давут! Сӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, банымайӕн дӕр сын нӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan