Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 10:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ цы сфӕнд кодта, уый куы сӕххӕст кӕна, уӕд Ассирийы паддзахы бафхӕрдзӕн, сӕрбӕрзонд кӕй сси ӕмӕ иннӕтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 10:12
44 Iomraidhean Croise  

Уыцы байзӕддӕгтӕ рацӕудзысты Йерусалимӕй, Сионы хохӕй. Уыцы хъуыддаг ӕрцӕудзӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕг уыл ӕнувыд кӕй у, уый фӕрцы.


Ды мӕ райстай мӕ мады гуыбынӕй, хъахъхъӕдтай мӕ, хъӕбысы ма куы уыдтӕн, уӕд.


Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?


Нӕ мӕ уадзыс ӕрцъынд кӕнын дӕр, адӕргӕй мӕ дзыхы ныхас дӕр нал бады.


Ӕнӕрвӕссон бакаст ӕмӕ сӕрыстыр зӕрдӕ ӕнӕхуыцауӕн цырагъы хуызӕн сты, фӕлӕ уый тӕригъӕд у.


Ис, ӕнӕввӕрсон чи у, ахӕмтӕ, иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсынц.


Ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕймаг зӕхмӕ ӕруадздзӕни йӕ цӕстытӕ, сӕрыстыр дӕр ӕрныллӕг уыдзӕн. Уыцы бон ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг уыдзӕни бӕрзонд.


Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг стӕрхон кӕндзӕни ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн — ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни.


Уыцы заман Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕн уӕларвӕфсад дӕр ӕмӕ зӕххон паддзӕхты дӕр.


Дунедарӕг кӕд дӕрӕн кодта Израилы адӕмы, сӕ дӕрӕнгӕнджытӕ сӕ куыд дӕрӕн кодтой, афтӕ? Кӕд сӕ мардта, сӕ марджытӕ сӕ куыд мардтой, афтӕ?


Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.


Уӕдӕ сын Ӕз дӕр бакӕндзынӕн ӕнӕфенгӕ митӕ, — сӕ куырыхонтӕн фесӕфдзӕни сӕ уӕлзонд, се ’мбаргӕтӕн фӕцыдӕр уыдзӕн сӕ зонд».


Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг, ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци! Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг, ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци! Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын куынӕуал фӕразай, уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты, дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.


Кӕй фаудтай ды, Кӕмӕн фӕкодтай фидистӕ? Кӕуыл хъӕр кодтай, Кӕмӕ кастӕ ӕнӕввӕрсон цӕстӕй? Израилы Стыр Хуыцаумӕ.


Дӕ къӕйных ӕмӕ де схъӕлдзинады кой Мӕ хъустыл кӕй ауад, уый тыххӕй дын дӕ фындзыл цӕг бакӕндзынӕн, дӕ дзыхы — идоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ дӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты фӕстӕмӕ аздахдзынӕн“.


Уӕд дӕлдзиныггонд ӕрцӕудзысты адӕм ӕмӕ алчидӕр сӕрныллӕг суыдзӕн, хъалтӕ дӕр ӕруадздзысты сӕ сӕртӕ.


Уе ’ппӕтӕн дӕр, артӕндзарджытӕ, судзгӕ фаттӕй ифтонг чи у, уыдонӕн Дунедарӕг зӕгъы: «Бахизут уӕ арты цӕхӕрмӕ ӕмӕ, цы фӕттӕ ссыгътат, уыдоны пиллонмӕ! Гъе уый уын уӕ хъысмӕт — Мӕхи нывгонд. Уӕ адзал уыдзӕни ӕвирхъау».


Бафхӕрдзынӕн сӕ сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымы тыххӕй. Уыдон хӕхтӕ ӕмӕ уӕлвӕзтыл сыгътой буд ӕмӕ Мын уымӕй ӕгад кодтой Мӕ ном. Гъемӕ ныр ӕфхӕрд баййафдзысты се ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй дӕр». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.


Хъуамӕ адӕм иууылдӕр — Ефремы байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Самарийы цӕрджытӕ — уыцы хъуыддаг базоной, уымӕн ӕмӕ схъӕл ныхас кӕнынц стырзӕрдӕйӕ:


Мӕ ном кӕуыл сӕвӕрдӕуыд, уыцы сахарӕн Ӕз бӕллӕхтӕ куы ’взарын кӕнон, уӕд сымах, ау, ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзыстут? Нӕ, ницы хуызы, уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕппӕт зӕххон цӕрджыты карды амӕттаг бакӕндзынӕн», — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Ӕз бафхӕрдзынӕн вавилойнаг паддзахы, стӕй йӕ бӕстӕ дӕр, Ассирийы паддзахы куыд бафхӕрдтон, афтӕ.


Фӕкӕлдзӕн ӕмӕ ахаудзӕн Сӕрыстыр, схӕцӕг ыл нӕ уыдзӕн. Йӕ сахартӕ йын басудздзынӕн, йӕ алыварс цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр арты хай бауыдзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Бӕрзонд кӕй сырӕзыд, йӕ цъуппӕй ӕврӕгътыл кӕй ӕндзӕвыд ӕмӕ йе стырадӕй кӕй схъал,


Уӕдӕ донбыл сагъд бӕлӕстӕй йӕ зӕнджы бӕрзондӕй макӕцы раппӕлӕд ӕмӕ сӕ ӕврӕгъты онг йӕ цъупп макӕцы сисӕд. Дон нуазӕг бӕлӕстӕй йӕхи макӕцы уӕлдӕр кӕнӕд иннӕтӕй, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр лӕвӕрд ӕрцӕудзысты мӕлӕтмӕ — ингӕнмӕ, мӕрдтыбӕстӕм цы адӕм ныххызтысты, уыдонимӕ».


Йӕ цатыртӕ айтындздзӕн денджыз ӕмӕ Уаз хохы, хӕхты рӕсугъддӕры, ӕхсӕн, фӕлӕ йӕ адзал ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ничиуал баххуыс кӕндзӕн.


Мӕнӕ Киттимӕй ӕрбацӕуынц наутӕ ӕмӕ басӕтдзысты Ассири ӕмӕ Еверы зӕххытӕ, фӕлӕ сӕхӕдӕг дӕр царӕфтыд фӕуыдзысты!»


Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ бӕлас бӕрӕг вӕййы йӕ дыргъӕй.


Уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — марын, бинойнагыл сайдӕй цӕуын, ӕнӕуаг митӕ кӕнын, давын, мӕнгӕвдисӕн лӕууын, хахуыр.


фӕлӕ сыл се знӕгтӕ фӕхуддзысты. Фыдгултӕ сӕхицӕй ныхъхъал уыдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, уый дам сын Дунедарӕг нӕ, фӕлӕ мах бакодтам афтӕ.


Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Тӕрхоны рӕстӕг. Ӕмӕ райдайдзӕн Хуыцауы хӕдзарӕй. Уӕдӕ кӕд тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд Хуыцауы Фарны Уацӕн чи нӕ сӕтты, уыдонӕн та сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan