30 Сымах уыдзыстут, йӕ сыфтӕр кӕмӕн азгъӕлы, уыцы тулдзау, донӕфсӕст чи нӕу, уыцы къохау.
Ханааны зӕххыл сӕ фӕндаг адардтой ӕмӕ бафтыдысты Шехеммӕ, Морейы тулдз кӕм уыди, уыцы бынатмӕ. Уыцы зӕххыл уӕды заман ханаанӕгтӕ цардысты,
Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».
Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, ӕдзухдӕр цӕудзынӕн уӕ разӕй. Сыгъд быдыры-иу уӕ бафсаддзынӕн, дӕтдзынӕн уын хъару. Ӕмӕ уӕд суыдзыстут донӕфсӕст дыргъдон ӕмӕ ӕнӕбайсысгӕ суадонау.
Ды хӕлар цӕстӕй кастӕ рӕстгӕнджытӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ Дын чи нӕ рох кодта, уыдонмӕ. Фӕлӕ нӕм смӕсты дӕ, уымӕн ӕмӕ незамантӕй фӕстӕмӕ Дӕ цӕсты раз кодтам тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ. Фервӕзын нӕ кӕн!
Мах иууылдӕр фӕчъизи стӕм, чъизи дарӕсау — не ’ппӕт рӕстдзинад. Бахус стӕм сыфтӕрау, нӕ фыдракӕндтӕ нӕ сӕ уӕлныхты систой уадау ӕмӕ нӕ фӕхӕссынц.
Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.
Уӕд ӕппӕт бӕлӕстӕ дӕр базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕз ӕрныллӕг кӕнын бӕрзонд бӕлас ӕмӕ сбӕрзонд кӕнын ныллӕг бӕлас, сыфтӕрджын бӕлас бахуыскъ кӕнын ӕмӕ хуыскъ бӕласыл цъӕх сыфтӕр рауадзын. Ӕз — Дунедарӕг — бакӕндзынӕн, цы загътон, уый».
Фӕндаггӕрон федта иу легъуи бӕлас ӕмӕ йӕм бацыд. Сыфтӕртӕ йеддӕмӕ йыл куы ницы ссардта, уӕд ын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дыл дыргъ мауал ӕрзайӕд». Ӕмӕ легъуи бӕлас уайтагъд бахус ис.