29 Уӕ цӕсгом ссудздзӕн, уӕ зӕрдӕ кӕмӕн радтат, уыцы тулдзты тыххӕй, фегад уыдзыстут уӕ равзӕрст къохты аххосӕй.
Уӕд уын фенад уыдзысты уе ’взистахуырст гуымирытӕ, стӕй зӕриндонытылд гуымирытӕ. Ӕлгъыст фӕут, зӕгъгӕ, зӕгъдзыстут ӕмӕ сӕ фехсдзыстут бырӕттау.
Сымах уӕхицӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин гуымирытӕ скодтат ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут. Фӕлӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ сӕ уе ’ппӕт дӕр аппардзыстут.
Уӕд, йӕ зӕрдӕ гуымирытыл чи дардта, сымах нӕ хуыцӕуттӕ стут, зӕгъгӕ, сын табу чи кодта, уыдон худинаджы бын фӕуыдзысты ӕмӕ алидздзысты».
Ӕмӕ, гуымирытӕ чи аразы, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр худинаджы гакк сбаддзӕн, аллайаг фӕуыдзысты ӕмӕ ӕрӕджиау сӕхиуыл ӕрхуддзысты, афтӕмӕй бабын уыдзысты.
Алы пӕлӕхсар бӕласы бын ӕнӕуаг митӕ кӕнут уӕ мӕнгхуыцӕуттимӕ, ноджы ма къӕдзӕхты бын комы нарджыты, тӕрфыты, кусарт кӕнут уӕ сабиты.
Ӕнӕсцухӕй Мӕ ӕргом ӕфхӕрынц сӕ митӕй. Сӕ кувӕн къохты сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хӕссынц нывӕндтӕ, ӕмбӕрзӕн дурӕй ӕхгӕд уӕлхӕдзӕрттыл судзынц буд,
«Йӕхи мӕнг хуыцӕуттыл чи фӕдзӕхсы ӕмӕ, ссыгъдӕг уӕм, зӕгъгӕ, иу иннӕйы фӕдыл уыцы хуыцӕуттӕн йӕ кувӕн къохты нывӕндтӕ чи хӕссы, хуытӕ, мыстытӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕлгъаг фосы фыд чи хӕры, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Рагзаманы дын Ӕз ныппырх кодтон де ’фсондз, аскъуыдтон дын дӕ бӕндӕнтӕ. Ды загътай: «Ӕз гуымирытӕн нал лӕггад кӕндзынӕн». Фӕлӕ алы бӕрзонд къуыбырыл, алы къабузджын бӕласы бын хъахбай митӕ кодтай!
Паддзах Иосиайы заман мӕм Дунедарӕг раргом ис ӕмӕ мын загъта: Ды Израилы чызгӕн, гадзрахатӕй рацӕуӕгӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр федтай. Алы къуыбырмӕ, алы къабузджын бӕласмӕ цыди ӕмӕ уым хъахбай митӕ кодта.
Ӕз дын ныббардзынӕн, цыдӕриддӕр ракодтай, уыдӕттӕ, ӕмӕ сӕ уӕд ӕрымысдзынӕ ӕмӕ ныфсӕрмы уыдзынӕ, ӕмӕ фыр ӕфсӕрмӕй дӕ дзых байгом кӕнын дӕр нал бафӕраздзынӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Уӕд уӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзысты уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ, ӕмӕ уӕхицӕн сӕнӕуынон уыдзыстут уӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ уе ’лгъаг миты аххосӕй.
Цагъд адӕмы мӕрдтӕ куы лӕзӕрой сӕ гуымирыты раз, сӕ нывондхӕссӕнты алыварс, стӕй алы бӕрзонд къуыбырыл, ӕппӕт хӕхты цъуппытыл, ноджы алы дидинӕгкалӕг бӕласы бын ӕмӕ алы къабузджын тулдзы бын — сӕ гуымирытӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕмыты сыгътой, уымыты, уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Скувут Дунедарӕгмӕ ӕмӕ Йын зӕгъут: «Ныббар нын нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нын айс нӕ куывд, нӕ дзыхы ныхас Дын ӕрхӕсдзыстӕм нывондӕн.
Йӕ быны чи царди, уыдон раздӕхдзысты фӕстӕмӕ, хорарӕхӕн суыдзӕни сӕ цард, сӕнӕфсиры зӕнгау дидинӕг скалдзысты, Ливаны сӕнау сӕ кой айхъуысдзӕни дардыл.
Хӕхты цъуппытыл нывӕндтӕ хӕссынц ӕмӕ къуыбыртыл судзынц буд — тулдз бӕласы, гӕды бӕласы ӕмӕ теревинфы бын, уымӕн ӕмӕ уыдон хорз аууон дарынц. Уӕ чызджытӕ ӕмӕ уӕ чындзытӕ дӕр уый тыххӕй схъахбай сты.
Дымгӕ сӕ куы ныффӕйлауа, уӕд сӕ нывӕндтӕй фефсӕрмы уыдзысты.
Ӕмӕ уын уый цы ӕрхаста? Ӕмхиц уыдыстут, ныртӕккӕ ӕфсӕрмы кӕмӕй кӕнут ӕмӕ фӕстагмӕ мӕлӕтмӕ чи ӕркӕны, ахӕм митӕм.