25 Ӕз дӕм Ме ’ргом раздахдзынӕн ӕмӕ дӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн дӕ сыгъдоны чъизийӕ, дӕ къала дын иууылдӕр стайын кӕндзынӕн.
Де ’взист згъӕры сыгъдонау сси, дӕ сӕн дын схӕццӕ кодтой донимӕ.
Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.
Афтӕмӕй Дунедарӕг се ’лгъаг чъизитӕ ӕрӕхсдзӕни Сионы чызджытӕн, Йӕ арттӕрхоны фӕрцы Йерусалимы сахар йӕ тугтӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн.
Куырдадзтӕ сзынг сты, зды батадис арты, фӕлӕ згъӕртайынгӕнӕг дзӕгъӕлы архайдта, — фыдгӕнджытӕ нӕ фӕхицӕн сты.
Ды цӕрыс мӕнгарддзинады ӕхсӕн, мӕнгард сты, Мӕн зонын сӕ нӕ фӕнды», — зӕгъы Дунедарӕг.
Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз сӕ стайын кӕндзынӕн, бафӕлвардзынӕн сӕ! Уӕдӕ ӕндӕр Мӕ адӕмӕн цы бакӕнон?
Сымахӕй фӕхицӕн кӕндзынӕн, Мӕ ныхмӕ чи сыстад, уыцы фыдгӕнджыты. Ракӕндзынӕн сӕ, ӕрцӕуӕггӕгты цардӕй кӕм цӕрынц, уыцы зӕххӕй, фӕлӕ Израилы зӕхмӕ нӕ бацӕудзысты. Ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: уе ’ппӕт дӕр сыгъдоны хуызӕн кӕй систут, уый тыххӕй уӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн Йерусалимы.
Куынцгомы иумӕ ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕн ӕмӕ къала куыд бавӕрынц ӕмӕ сыл арт куыд бандзарынц, стайын сӕ кӕныны охыл, афтӕ уӕ Ӕз, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, куынцгомы уӕ бавӕрдзынӕн ӕмӕ уӕ стайын кӕндзынӕн.
Куынцгомы ӕвзист куыд атайы, афтӕ атайдзыстут Мӕ карз пиллоны мидӕг ӕмӕ уӕд базондзыстут, Мӕ азар уыл Ӕз, Дунедарӕг, кӕй ныххуырстон, уый».
Уыцы бон дын Ӕз, Мӕ ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, уыдон дӕ цӕстмӕ нал бадардзынӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй сӕрыстыр ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕмы фӕсурдзынӕн, ӕмӕ уӕд Мӕ уаз хохыл схъӕл ныхӕстӕ нал кӕндзынӕ.
Уый бавдӕлдзӕн ӕмӕ ӕвзист батайын ӕмӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн. Левийы байзӕддӕгты ссыгъдӕг ӕмӕ стайын кӕндзӕн, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистау, цӕмӕй Дунедарӕгӕн рӕстаг нывӕндтӕ хӕссой.
Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».
Муртаттӕгтӕ, цин кӕнут Йӕ адӕмимӕ, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ цагъарты туг райсдзӕни, Йе знӕгтӕн аккаг фӕуыдзӕни ӕмӕ Йӕ адӕмы бӕстӕ ссыгъдӕг кӕндзӕни».
Кӕй уарзын, уыдонӕн Ӕз бауайдзӕф кӕнын ӕмӕ сӕ бафхӕрын. Уӕдӕ ӕнувыд у ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ тӕригъӕдтыл.