Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 1:2
37 Iomraidhean Croise  

Ныууагъта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын не ’ххӕст кодта.


Асафы псалом. Хуыцӕутты Хуыцау, Дунедарӕг, райдыдта Йӕ ныхас, дун-дунемӕ сиды скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ.


Ӕрӕхс мын мӕ азым, ссыгъдӕг мӕ кӕн мӕ тӕригъӕдӕй!


«Хивӕнд цот, додой сӕ къона! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фӕндтӕ, уынаффӕтӕ кӕнынц Ме ’вастӕй, цӕдисонтӕ скӕнынц сӕхицӕн, фӕлӕ Мӕ Уды амындӕй нӕ. Афтӕмӕй тӕригъӕд тӕригъӕдыл ӕфтауынц.


Ацы адӕм хиваст сты, фӕлывд цот Мын сты, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ хъусын сӕ нӕ фӕнды.


Израилы байзӕддӕгтӕ, уе ’ргом раздахут, афтӕ тынг Кӕмӕй адард стут, Уымӕ!


Ӕввахс ӕрбалӕуут, алы адӕмтӕ, алы знӕмтӕ! Лӕмбынӕг ӕрбайхъусут! Ӕрбайхъусӕд ӕгас дуне, ӕппӕт зӕхх йӕ цӕрджытимӕ!


Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».


Алы бон дӕр мӕ цӕнгтӕ ивӕзтон, ӕнаккаг митӕ чи кодта ӕмӕ йӕхи фӕнд чи тардта, Мӕ уыцы ӕгоммӕгӕс адӕммӕ.


Байхъусут лӕмбынӕг, сӕрыстыр ма ут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг дзуры.


О зӕхх, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!


«Раздӕхут Мӕм, гадзрахатӕй рацӕуӕг цот! Ӕз уын уӕ хивӕнд зӕрдӕтӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн». «Мӕнӕ Дӕм фӕцӕуӕм, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, нӕ Хуыцау!


Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!


Байхъус, зӕхх! Ӕз ацы адӕмыл бӕллӕхтӕ ’руадздзынӕн. Сӕхи фӕндтӕ сӕ расайдзысты, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдауыл сӕхи атигъ кодтой.


Ацы хиваст адӕммӕ ӕмбисонды хуызы бартхъирӕн кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: аг ӕрӕвӕр ӕмӕ дзы дон ныккӕн,


Уый тыххӕй, Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕг Хуыцауы ныхасмӕ. Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: уӕ алыварс адӕмты амӕттаг чи баци ӕмӕ уыдонӕн хынджылӕггаг чи сси, уыцы хӕхтӕн, къуыбыртӕн, мӕсчъытӕн, дӕлвӕзтӕн, гӕныстон хӕлддзӕгтӕн ӕмӕ ӕдзӕрӕг сахартӕн


Израилӕгтӕ! Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, сымах тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз, Мысыры зӕххӕй цы адӕмы ракодтон, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъын:


Иудейаг паддзӕхтӕ Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заман Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта морешетаг Михайӕн; цӕстылуайӕны йын раргом чындӕуыд, Самари ӕмӕ Йерусалиммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый:


«Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ, байхъусут лӕмбынӕг, ӕгас зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджытӕ! Дунедарӕг Хуыцау уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ныллӕууӕд, Йӕ уаз Кувӕндонӕй рацӕуӕд Бардарӕг!


Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.


— Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн, цагъар — йӕ хицауӕн. Кӕд Ӕз уӕ Фыд дӕн, уӕд Мын кад цӕуылнӕ кӕнут? Кӕд уӕ Хицау дӕн, уӕд Мӕ разы аргъуыц цӕуылнӕ кӕнут? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Сауджынтӕ, Мӕ ном Мын сӕгад кодтат, уӕхӕдӕг ма Мӕ ноджы, цӕмӕй, зӕгъгӕ, фӕрсут.


Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уый тыххӕй нын ӕнӕ дзургӕ нӕй».


Ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, уӕхӕдӕг ӕй уыдтат, адӕймаг йӕ хъӕбулы куыд хӕсса, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕхаста сымах, цалынмӕ ардӕм не ’рбахӕццӕ стут, уӕдмӕ.


Абон мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕнтӕ уӕнт уӕ разы, цард кӕнӕ мӕлӕт, арфӕ кӕнӕ уын ӕлгъыст хъардтон. Равзарут цард, ӕмӕ цӕрын бантысдзӕн сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр,


«Ӕрыхъус, арв, ӕз дын цы зӕгъон, уымӕ; ӕрыхъус, зӕхх, мӕ ныхасмӕ:


уӕд, арв ӕмӕ зӕххыстӕн, тагъд рӕстӕджы ӕнӕхай фӕуыдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ уӕхи бакӕнынмӕ кӕй тыххӕй цӕут, уыцы бӕстӕй. Уым уын бирӕ фӕцӕрын нӕ бантысдзӕн: цагъды фӕуыдзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan