Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 1:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уый фӕстӕ-иу ӕрбацӕут, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хъуыддагмӕ ӕркӕсдзыстӕм. Уӕ тӕригъӕдтӕ сырх-сырхид куы уой — митау уын сурс уыдзысты, сӕнт сырх куы уой — сурс уыдзысты урс къуымбилау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 1:18
23 Iomraidhean Croise  

Не ’хсӕн чи балӕууа, нӕ дыууӕйыл дӕр ӕмхуызон йӕ арм чи ӕрхӕсса, уый нӕй.


Уый тыххӕй дӕ Хуыцау фесафдзӕни ӕнусмӕ, фелвасдзӕн дӕ ӕмӕ дӕ фехсдзӕни дӕ цатырӕй, ӕд уидаг дӕ срӕдувдзӕни удӕгӕсты зӕххӕй.


«Ацы адӕймагӕн йӕ ныфс Хуыцау нӕ уыди, йӕ зӕрдӕ дардта йӕ бирӕ мулкыл, йӕ фыдракӕндты фӕрцы схъӕздыг ис».


Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.


Дунедарӕг райдыдта тӕрхон кӕнын, адӕмтӕн тӕрхон кӕнынмӕ сыстади.


«Ӕдзӕмӕй Мӕм хъусут, денджызы сакъадӕхтӕ ӕмӕ денджызгӕрон зӕххытӕ! Сӕ хъарутӕ ӕрбамбырд кӕнӕнт адӕмтӕ, ӕрбацӕуӕнт ӕмӕ зӕгъӕнт, тӕрхоны раз ӕрлӕууӕм иумӕ, зӕгъгӕ!


«Уӕ хъаст ӕрбахӕссут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Бӕлвырдгӕнӕнтӕ равдисут», — зӕгъы Йаковы Паддзах. —


Мигъау уын ӕрбайсӕфтон уӕ азымтӕ, ӕврагъау — уӕ тӕригъӕдтӕ. Раздӕхут Мӕм — Ӕз уӕ Ирвӕзынгӕнӕг дӕн».


Ӕрӕввахс ис мӕ Фарсхӕцӕг, мӕ раст зӕрдӕйы Ӕвдисӕн. Чи бахӕсдзӕн йӕ ныфс мӕныл дау кӕнынмӕ? Чи ӕрлӕудзӕни мемӕ тӕрхоны раз? Рацӕуӕд-ма!


Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Уӕ фыдӕлтӕ Мӕм цавӕр азым ссардтой, цӕмӕн адард сты Мӕнӕй? Уыдон мӕнгдзинады фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр смӕнг сты.


Ӕнаккаг йе ’наккаг митӕ куы ныууадзы ӕмӕ рӕстӕй цӕрын куы райдайы, уӕд уый та баззайы цӕргӕйӕ.


Цыдӕриддӕр тӕригъӕдтӕ ракодта, уыдонӕй йын иу дӕр нӕ бадардӕуыдзӕн йӕ цӕстмӕ; рӕстӕй цӕрын райдыдта ӕмӕ ӕнӕмӕнг цӕрдзӕни“.


Байхъусут, хӕхтӕ, Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, хъусгӕ кӕнут сымах дӕр, зӕххы фидар бындуртӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕны, азымджын кӕны Израилы.


Павел ацы хатт дӕр раздӕрау бацыди синагогӕмӕ ӕмӕ ӕртӕ сабаты адӕмимӕ ныхас кодта Сыгъдӕг Фысты тыххӕй;


Алы сабат та ныхас кодта синагогӕйы, йӕхи хъардта иудейӕгты ӕмӕ муртаттӕгты баууӕндын кӕныныл.


Павел рӕстӕй цӕрыны, хиуыл хӕцыны ӕмӕ фидӕны тӕрхоны тыххӕй куы дзырдта, уӕд Феликсы тас бацыд ӕмӕ загъта: «Ныр ацу, рӕстӕг мын куы фӕуа, уӕд та дӕм фӕдзурдзынӕн».


Ӕгъдау ӕрцыди тӕригъӕды бабирӕйӕн, фӕлӕ тӕригъӕд куы сбирӕ ис, уӕд Хуыцауы хорзӕх дӕр парахат сси,


Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.


Ӕрбайхъусут-ма, ӕз уын ныр Дунедарӕджы раз мӕ уайдзӕф зӕгъон — Дунедарӕг сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр цыдӕриддӕр хӕрзты бацыди, уыдон уын уӕ зӕрдыл ӕрӕфтын кӕнон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan