Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Исайа 1:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Чи уӕ домы Мӕ Кувӕндонмӕ цӕуын? Мӕ кӕртытӕ Мын уӕ къӕхтӕй цы ссӕндут?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Исайа 1:12
10 Iomraidhean Croise  

Мӕ фыдгултӕ, ме сӕфтмӕ бӕлгӕйӕ, дзурынц: «Цымӕ кӕд ныммӕлдзӕни, кӕд фесӕфдзӕни йӕ кой?»


Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Бардарӕг Дунедарӕджы раз.


Афӕдз ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрлӕууой Бардарӕг Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, раз.


Дӕ ныхасы размӕ уал хорз ахъуыды кӕн, Хуыцауы раз ард бахӕрынмӕ тагъд ма кӕн: Хуыцау уӕларвыл ис, ды та — зӕххыл, дӕ алы ныхас дӕр сасирӕй балуар.


Ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзар хӕссы, уый, сымахмӕ гӕсгӕ, абырджыты лӕгӕт сси?! Ӕз уыдӕттӕ иууылдӕр уынын! — зӕгъы Дунедарӕг.


О адӕймаг! Хорздзинад цы у ӕмӕ дӕ Дунедарӕг цы домы, уый дын загъдӕуыди: рӕстдзинады фӕдыл цу, адӕмӕн хорздзинад ӕвгъау ма кӕн, сӕрныллӕгӕй цӕр дӕ Хуыцауы раз.


«Ацы бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн ӕмӕ сауджынтӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы фӕндзӕм ӕмӕ ӕвдӕм мӕйты, хъынцъымгӕнгӕйӕ, ком куы дардтат, уӕд уыдӕттӕ Мӕн тыххӕй кодтат?


Сӕ алы хъуыддаг дӕр адӕмы цӕстмӕ кӕнынц. Сӕ чырвӕзтӕ аразынц уӕрӕхдӕр, сӕ дарӕсы хаутӕ та — даргъдӕр;


Уӕ нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр афӕдз ӕртӕ хатты хъуамӕ ӕрлӕууой Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, Йӕ номыл цы бынат равзара, уым: Донгонд дзулты, Къуыриты ӕмӕ Халагъудты бӕрӕгбӕтты. Афтидармӕй мачи ӕрбацӕуӕд!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan