10 Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ, Содомы ӕлдӕрттӕ! Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Гоморрӕйы адӕм!
Содомы цӕрджытӕ фыд адӕм уыдысты, Дунедарӕджы раз — ӕгӕр тӕригъӕдджын.
Дунедарӕджы ныхасмӕ ӕрбайхъусут, Йерусалимы цӕрджыты ӕнӕввӕрсон барджынтӕ!
Комдзог сыл цӕуы суанг сӕ цӕсгом дӕр; содомӕгтау сӕ тӕригъӕдтӕй ӕппӕлынц, нӕ сӕ сусӕг кӕнынц. Додойаг кӕндзӕни сӕ къона, уымӕн ӕмӕ сӕхӕдӕг сӕхи фыдбылызы ӕппарынц.
Ацы адӕм хиваст сты, фӕлывд цот Мын сты, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ хъусын сӕ нӕ фӕнды.
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг нӕ Тӕрхонгӕнӕг у, нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах! Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.
Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.
Ӕз уынын: Йерусалимы пехуымпартӕ дӕр ӕлгъаг митӕ кӕнынц: хӕтынц, сӕ хъуыддӕгты рӕстдзинад нӕй. Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы иу дӕр йӕ фыдракӕндтӕ ма ныууадза. Мӕ разы иууылдӕр Содомы хуызӕн систы, Йерусалимы цӕрджытӕ — Гоморрӕ».
Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр ӕмӕ Иудейы, Едом ӕмӕ Аммоны фыртты, Моав ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цӕрджыты — сӕ къӕмисӕнтӕ ӕлвынӕг адӕмы. Иннӕ адӕмтӕ сунӕтгонд не сты, фӕлӕ Израил дӕр йӕ зӕрдӕйӕн сунӕт не скодта».
Адӕймаджы фырт! Израилы пехуымпарты, хивӕндӕй рагуацтӕ чи дзуры, уыдоны ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын: «Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Уымӕ гӕсгӕ, хъахбай сыл, ӕрбайхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Дӕ хистӕр хо у Самари, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ галиуфарс, дӕ кӕстӕр хо та у Содом, йӕ чызджытимӕ цӕры дӕ рахизфарс.
Мӕнӕ дӕ хо Содом ӕмӕ йӕ чызджыты азым: хъал, фырӕфсӕст ӕмӕ ӕвдӕлон. Дӕ хо никуы баххуыс кодта мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыккӕн.
Израилӕгтӕ! Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, сымах тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз, Мысыры зӕххӕй цы адӕмы ракодтон, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕгъын:
Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?
Израилӕгтӕ, сымах Мын эфиопӕгтӕй уӕлдай не стут, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз израилӕгты ракодтон Мысырӕй, филистимӕгты — Кафторӕй, арамейӕгты — Кирӕй.
Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах хъуамӕ, рӕстдзинад цы у, уый ма зонат?
Исайа ма ноджыдӕр афтӕ загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ байзӕддӕгтӕй цасдӕры куынӕ ныууагътаид, уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид, Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид».
„Уымӕн ӕмӕ сӕ сӕнӕфсир Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕнӕфсиры тала у, йӕ гагатӕ — марг, йӕ цупӕлттӕ — маст.
Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты, сӕ Бардарӕджы сын кӕм байтыгътой, фӕсномыгӕй Содом ӕмӕ Мысыр кӕй хонынц, уыцы стыр сахары уынджы.