Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ионӕ 4:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Ӕмӕ Хуыцау Ионӕйӕн загъта: «Ау, зайӕгойы тыххӕй афтӕ маст кӕныс?» «Тынг, амӕлыны онг», — загъта уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ионӕ 4:9
13 Iomraidhean Croise  

Изреелаг Навот ын ахӕм дзуапп кӕй радта, уый тыххӕй Ахав йӕ галуанмӕ ӕрбаздӕхти тарӕрфыг ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй, уӕнтӕхъил ӕмӕ сӕргуыбырӕй. Суанг хӕрын дӕр нӕ бакуымдта, афтӕмӕй йӕ хуыссӕны ӕрхуыссыд ӕмӕ йӕ цӕсгом къулы ’рдӕм аздӕхта.


Ныр ды фыр мӕстӕй дӕхи хӕрыс, ӕмӕ дӕу тыххӕй зӕхх хъуамӕ сафтид уа, айнӕг йӕ бынатӕй феггуырса?


Дӕхи хъахъхъӕн, Йӕ азар дӕ куы баййафа, уымӕй, уӕд дӕ иу ахӕстаргъ дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн.


Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.


Уый Ионӕйӕн тынг хъыг уыди ӕмӕ смӕсты.


Уӕд ын Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ды тӕригъӕд кӕныс, кусгӕ кӕуыл нӕ бакодтай, кӕй не ’рзайын кодтай, иунӕг ӕхсӕвмӕ чи сзадис ӕмӕ иунӕг ӕхсӕвмӕ сӕфгӕ дӕр чи фӕкодта, уыцы зайӕгойӕн.


Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».


Ӕмӕ сын загъта: «Мӕ уд мӕлӕтон хъынцъым кӕны; фӕлӕуут ам Мӕ фарсмӕ, ма-иу бафынӕй ут».


Хуыцауӕн фӕндон цы хъыг у, уый расайы фӕсмон, ахӕм фӕсмон та фервӕзынмӕ фӕндаг у ӕмӕ хъынцъыймаг нӕу. Дуне цы хъыг дӕтты, уый та мӕлӕт расайы.


Уыцы бонты адӕм сӕхӕдӕг агурдзысты мӕлӕт, фӕлӕ йӕ не ссардзысты. Мӕлӕтмӕ бӕлдзысты, фӕлӕ йӕ нӕ фендзысты.


Далилӕ Самсонӕн алы бон дӕр ахӕм ныхӕстӕ кодта ӕмӕ йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, удхарӕй йӕ мардта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan