Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ионӕ 4:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уӕд Дунедарӕг Хуыцау уым зайӕгой ӕрзайын кодта. Уый Ионӕйӕн йӕ сӕрты акасти ӕмӕ йын аууон дардта, кӕд дзы йӕ маст ферох уаид, зӕгъгӕ. Ионӕ тынг бацин кодта уыцы зайӕгойыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ионӕ 4:6
11 Iomraidhean Croise  

Уыцы бон Аман уӕлдай зӕрдӕхъӕлдзӕг ӕмӕ буцӕй рараст йӕ хӕдзармӕ. Паддзахы галуаны ӕрбахизӕны Мардохейыл амбӕлд. Уый йӕ хъуыды дӕр не ’ркодта. Цыт кӕныны охыл йӕ бынатӕй уӕлдай змӕлд нӕ фӕкодта. Аман мӕстӕй ссыгъди. Йӕхи йӕм тыххӕй баурӕдта, афтӕмӕй сӕхимӕ ацыди. Йӕ ус Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕм фӕдзурын кодта.


Цагъарау тыхсы ӕмӕ бӕллы аууонмӕ, ӕххуырст кусӕгау йӕ цӕстытӕ ныуурс вӕййынц йӕ куысты мыздмӕ.


хъӕздыгдзинад, куыддӕр ӕм бакӕсай, афтӕ ӕрбайсӕфы, цӕргӕсау айтындзы йӕ базыртӕ ӕмӕ уӕлӕрвтӕм атӕхы.


Езекиайӕн ӕхсызгон уыди минӕвӕртты ӕрбацыд. Равдыста сын йӕ хӕзнадоны ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринтӕ, йӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, зынаргъ сой, йӕ хотыхты ӕфтауцуат ӕмӕ йе ’ппӕт ӕвӕрӕнтӕ, йӕ хӕлц. Цы нӕ сын равдыста Езекиа, ахӕмӕй йӕм ницыуал баззад йӕ галуаны дӕр ӕмӕ йӕ паддзахады дӕр.


Сымах цин кӕнут, Ло-Девары сахар кӕй басастат, ууыл ӕмӕ дзурут: «Ау, Карнаимы сахар нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ бацахстам?»


Ионӕ сахарӕй рацыди, йе скӕсӕнварс халагъуд сарӕзта ӕмӕ йӕ аууоны сбадти, цӕмӕй, сахар цы бауыдзӕнис, уый фена.


Фӕлӕ Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ дыккаг бон, куыддӕр ӕрбарухс, афтӕ къуыдыргалм уидӕгтӕ бахсыдта, ӕмӕ зайӕгой бахус.


Дӕлимонтыл уӕ бон кӕй цӕуы, ууыл ма цин кӕнут — уӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕй сты, ууыл цин кӕнут».


Кӕуджытӕ хъуамӕ ма уой кӕуджытау; цингӕнджытӕ — цингӕнджытау; ӕлхӕнджытӕ хъуамӕ уой, цыма сӕ къухы ницы бафтыд, уыйау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan