Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ионӕ 4:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ионӕ сахарӕй рацыди, йе скӕсӕнварс халагъуд сарӕзта ӕмӕ йӕ аууоны сбадти, цӕмӕй, сахар цы бауыдзӕнис, уый фена.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ионӕ 4:5
10 Iomraidhean Croise  

Илийа йӕ куы айхъуыста, уӕд йӕ пӕлӕзӕй йӕ цӕсгом ӕрбамбӕрзта, афтӕмӕй рацыд ӕмӕ лӕгӕтмӕ бацӕуӕны ӕрлӕууыд. Цавӕрдӕр хъӕлӕс ӕй бафарста: «Ам цы архайыс, Илийа?»


Уым лӕгӕтмӕ бацыд ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодта. Ӕмӕ мӕнӕ Дунедарӕджы ныхас хъусы: «Ам цы кусыс, Илийа?»


Зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй уыдысты, уый тыххӕй сыл Мӕ маст калдтон, цагътон сӕ ӕмӕ сӕ фыр мӕстӕй Мӕхи ӕмбӕхстон, фӕлӕ уӕддӕр кодтой, сӕхи цы фӕндыди, уый.


Ӕз загътон: «Сӕ зӕрдыл сын Ӕй нал ӕрлӕууын кӕндзынӕн, нырӕй фӕстӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд нал дзурдзынӕн!» Фӕлӕ цыма мӕ зӕрдӕйы арт ссыгъд ӕмӕ ме стджыты мидӕг ахст уыди, уыйау сфӕлмӕцыдтӕн, мӕ бон ӕй бауромын нал уыд.


Науы кусджытӕн фыр тӕссӕй сӕ уд ауади, алчи дзы йӕхи хуыцаумӕ фӕдисы хъӕр байдыдта, ласинаг сӕм цы уыд, уый донмӕ ӕппӕрстой, нау фӕрогдӕр уа, зӕгъгӕ. Ионӕ та уыцы рӕстӕг науы рӕбыноз бынатмӕ ныххызт, схуыссыд ӕмӕ тарф фынӕй баци.


Дунедарӕг ын загъта: «Ау, уый дын уый бӕрц хъыг фӕцис?»


Уӕд Дунедарӕг Хуыцау уым зайӕгой ӕрзайын кодта. Уый Ионӕйӕн йӕ сӕрты акасти ӕмӕ йын аууон дардта, кӕд дзы йӕ маст ферох уаид, зӕгъгӕ. Ионӕ тынг бацин кодта уыцы зайӕгойыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan