Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ионӕ 4:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Уӕдӕ мын ныр, Дунедарӕг, айс мӕ уд, уымӕн ӕмӕ мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ионӕ 4:3
14 Iomraidhean Croise  

йӕхӕдӕг дарддӕр ахӕцыд ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры иу бонцауы бӕрц куы бауади, уӕд уым иу ран ӕхсӕлыйы къутӕры бын ӕрӕнцад ӕмӕ мӕлӕт куырдта йӕхицӕн: «Ӕгъгъӕд мын фӕуӕд, Дунедарӕг! Мӕ бон нал у, айс мын мӕ уд! Ӕз дӕр мӕ фыдӕлтӕй хуыздӕр куынӕ дӕн».


Кад хӕрздӕфгӕнӕнӕй хуыздӕр у, мӕлӕты бон та — райгуырӕн бонӕй.


Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы.


Уыцы фыд адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдоны Ӕз кӕдӕмфӕнды куы фӕсурон — алы ран дӕр сын мӕлӕт цардӕй бӕллиццагдӕр суыдзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Дунедарӕг ын загъта: «Ау, уый дын уый бӕрц хъыг фӕцис?»


Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у».


Кӕд мын Дӕ цӕст ӕндӕр ницы уарзы, уӕд мын фӕлтау уыцы хорзӕх ракӕн, ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй мӕ хъизӕмарӕй фервӕзон».


Моисеимӕ загъд кодтой: «Фӕлтау мах дӕр Дунедарӕджы раз куы ӕрбамардаиккам не ’фсымӕртау!


Фӕлӕ ӕз уыцы бартӕй не спайда кодтон; мӕ фыстӕг дӕр уӕм уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын райдайон. Уый бӕсты мӕ амӕлӕт хуыздӕр уаид! Раппӕлинагӕй мӕм цы ис, уымӕй мӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan