9 Чи зоны, кӕд нын Хуыцау фӕтӕригъӕд кӕнид, Йӕ судзгӕ мастӕй нӕ бахизид ӕмӕ кӕд нӕ фесӕфиккам».
Давид загъта: «Саби удӕгас цалынмӕ уыд, уӕдмӕ ком дардтон ӕмӕ куыдтон, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕл уыдтӕн, кӕд мын Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕнид, ӕмӕ саби удӕгасӕй баззаид, зӕгъгӕ.
О Дунедарӕг, батӕригъӕд мын кӕн, бон-сауизӕрмӕ Дӕм дзыназын!
Домбай ӕмӕ сау калмы дӕ къӕхты бын кӕндзынӕ, домбай ӕмӕ залымы ныссӕнддзынӕ.
Уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасмӕ хъусут, ӕмӕ уӕд Дунедарӕг Йӕ фӕндон аивдзӕн, рагацау уын цы бӕллӕх снысан кодта, уый уын нал бавзарын кӕндзӕн.
ӕмӕ загъта: „О стыр Вавилон! Мӕ хъомысӕй, мӕхи кадӕн дӕ мӕ паддзахады сӕйраг сахар скодтон!“
Ӕвзӕрдзинад уын суӕд ӕнӕуынон, рӕстдзинад бауарзут ӕмӕ раст тӕрхон кӕнут тӕрхондоны. Чи зоны, Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Йосефы фӕдонтӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ныббара.
Систой Ионӕйы ӕмӕ йӕ денджызмӕ фехстой. Абухгӕ денджыз уыйадыл басабыр.
Науы хистӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Цы фынӕй кӕныс?! Сыст, дӕ Хуыцаумӕ фӕсид ӕххуысмӕ, кӕд нӕм Йе ’ргом раздахид ӕмӕ нӕ фесӕфиккам».
Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг! Мӕхи бӕстӕйы ма куы цардтӕн, уӕд ууыл нӕ дзырдтон, мыййаг? Таршишмӕ лидзын дӕр уый тыххӕй сфӕнд кодтон, уымӕн ӕмӕ зыдтон, фӕлмӕнзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бирӕбараг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ Дӕ фыдбылыз ӕруадзын кӕй нӕ фӕнды, уый.
Зӕххыл сӕрныллӕгӕй чи цӕры ӕмӕ Йын Йе ’гъдӕуттӕ чи ӕххӕст кӕны — агурут Дунедарӕджы! Рӕстдзинад уарзгӕйӕ цӕрут, сӕрныллӕг ут ӕмӕ, чи зоны, Дунедарӕджы азары бон фыдбылызӕй хызт уаиккат.
Уӕдӕ саразут сыгъзӕринӕй уӕ сынчъытӕ ӕмӕ, уӕ зӕхх уын цы мыстытӕ гӕныстон кӕнынц, уыдоны фӕлгонцтӕ, ӕмӕ сӕ Израилы Хуыцауӕн снывонд кӕнут. Чи зоны, ӕмӕ уын уӕд уӕхи дӕр, уӕ хуыцӕутты дӕр ӕмӕ уӕ зӕхх дӕр мауал ӕфхӕра.