6 Хабар Ниневийы паддзахмӕ байхъуысти, уый сыстад йӕ къӕлӕтджынӕй, йӕ дарӕс раласта, сӕхъис скодта йӕ уӕлӕ ӕмӕ фӕнычы сбадти.
Фӕлӕ йын ныр Илийа цытӕ радзырдта, уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм ӕмӕ йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта, куы-иу схуыссыд, уӕд дӕр-иу ӕй нӕ раласта; ком дардта ӕмӕ ӕрхӕндӕгӕй рацу-бацу кодта.
Иов фӕнычы сбадт ӕмӕ дурыны састӕй йӕ буар хафта.
Уымӕ гӕсгӕ мӕ ныхӕстыл мӕ къух исын, фӕсмонӕй мӕхи хӕрын, фӕнык ӕмӕ рыджы бадгӕйӕ».
Уынгты хилынц сӕхъис пӕлӕзты, уӕлхӕдзӕрттӕ ӕмӕ фӕзтӕй се ’рдиаг хъуысы, цыхцырӕй кӕлы сӕ цӕссыг.
Паддзах ӕмӕ йӕ мадӕн зӕгъ: «Сӕрныллӕгӕй ӕрбадут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ уӕ кады худтӕ ӕрхаудысты».
Барух адӕмӕн Дунедарӕджы ныхӕстӕ хъӕрӕй куы каст, уӕд Миха, цыдӕриддӕр фехъуыста, уыдон иууылдӕр уӕздӕттӕн радзырдта.
Паддзах ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр уыцы ныхӕстӕ фехъуыстой, фӕлӕ нӕ фӕтарстысты ӕмӕ сӕ дарӕстӕ фӕйнӕрдӕм нӕ арӕдывтой.
Мӕ адӕмы чызг! Дӕ уӕлӕ сӕхъис скӕн, рыджы сӕвдул дӕхи! Дӕ иунӕг фыртыл кӕуӕгау дӕ сау цӕссыг згъал ӕмӕ дзыназ — ӕвиппайды нӕм фӕзындзӕн нӕ сафӕг.
Сионы хистӕртӕ ӕмырӕй зӕххыл бадынц, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой, сӕ уӕлӕ скодтой сӕхъис; Йерусалимы чызджытӕ ныддӕлгом сты зӕххыл.
Ныддӕлгом ис зӕххыл: «Кӕд ис нырма, мыййаг, зӕрдӕ дарӕн?»
Бӕстыхицӕуттӕ рахиздзысты сӕ бадӕнтӕй, раппардзысты сӕ пӕлӕзтӕ, раласдзысты сӕ нывӕфтыд дарӕстӕ. Ризӕг сыл бахӕцдзӕн, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрбаддзысты зӕххыл ӕмӕ алы уысм дӕр стъӕлфдзысты, ӕвирхъау тас сыл бафтаудзӕни дӕ хъысмӕт.
Ӕз мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, мӕ сӕрыл рыг байзӕрстон ӕмӕ ком дардтон, куывтон ӕмӕ лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцау! Чи Дӕ уарзы ӕмӕ Дын Дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл иузӕрдион дӕ кӕддӕриддӕр.
Уыцы хабар Гаты ма ахъӕр кӕнут, уым-иу ма кӕут! Бет-ле-Афрейы сахары рыджы сӕвдулут уӕхи!
«Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Сымах цы диссӕгтӕ федтат, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы равдыстӕуыдаид, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнгӕйӕ ӕмӕ сӕ сӕртыл фӕнык байзӕргӕйӕ, раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.
Сар дӕ сӕр, Хоразин! Сар дӕ сӕр, Вифсаидӕ! Уымӕн ӕмӕ, сымахмӕ цы диссӕгтӕ равдыстӕуыд, уыдон Тир ӕмӕ Сидоны куы ӕрцыдаиккой, уӕд уымы цӕрджытӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ скӕнгӕйӕ ӕмӕ фӕнычы сбадгӕйӕ, сӕ тӕригъӕдтыл раджы ӕрфӕсмон кодтаиккой.