Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ионӕ 3:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕмӕ ниневиӕгтӕ баууӕндыдысты Хуыцауыл: стырӕй, чысылӕй ком дардтой, сӕ уӕлӕ скодтой сӕхъис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ионӕ 3:5
21 Iomraidhean Croise  

Езекиа уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ уӕлӕ сӕхъис скодта ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ацыди.


Иосафат фӕтарсти ӕмӕ сфӕнд кодта Дунедарӕджы бафӕрсын. Ӕгас Иудейы адӕмӕн дӕр ком дарын бафӕдзӕхста.


Уыйадыл уым, Ахавайы цӕугӕдоны был, ӕз комдарӕн расидтӕн, нӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс кӕй стӕм, уый равдисынӕн ӕмӕ Йӕм скуывтон, цӕмӕй нӕ ӕд исбон рӕствӕндаг фӕкӕна нӕ цотимӕ.


Мардохей хабар куы фехъуыста, уӕд адӕргӕй йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм, йӕ буар бызгъуыртӕй ӕрбамбӕрзта, рыджы йӕхи сӕвдылдта ӕмӕ, бон ӕм арвы рухс нал зынди, афтӕмӕй, хъӕрӕй ӕрдиаггӕнгӕ, сахары уынгты азгъордта.


Израилӕгтӕ Хоревы хохрӕбын рафтыдтой сӕ фӕлындӕнтӕ.


Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн.


Иудейы паддзах Иоаким, Иосиайы фырт, фӕндзӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд уыцы азы фарӕстӕм мӕйы иудейаг сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр Дунедарӕджы раз ком дардтой.


Ӕфсады хицӕуттӕ иууылдӕр, Кареахы фырт Йоханан, Хошаийы фырт Азариа ӕмӕ иннӕ адӕм се ’ппӕт дӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрбацыдысты


Йеремиа фӕсидти Кареахы фырт Йохананмӕ, йе ’фсады хицӕуттӕй алкӕмӕ дӕр, стӕй ӕппӕт адӕммӕ, стырӕй, чысылӕй.


Ӕз мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, мӕ сӕрыл рыг байзӕрстон ӕмӕ ком дардтон, куывтон ӕмӕ лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцау! Чи Дӕ уарзы ӕмӕ Дын Дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл иузӕрдион дӕ кӕддӕриддӕр.


Комдарӕн бон снысан кӕнут, фехъусын кӕнут, кадджын ӕмбырд кӕй уыдзӕнис, уый. Ацы бӕстӕйы хистӕрты ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзары ӕрӕмбырд кӕнут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ кувут хъӕрӕй!»


Стӕй уӕд бардзырд радта йӕхи ӕмӕ йӕ номдзыд адӕймӕгты номӕй: «Ниневийы адӕм, стурвос, лыстӕг фос дӕр мацы хӕргӕ хъуамӕ кӕной, мацы — нуазгӕ,


Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй. Ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый.


Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылынджын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй ӕрфӕсмон кодтой сӕ митыл. Ныр та, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый ам ис.


Уӕдӕ ма тӕрсут, хорз адӕм, ӕз Хуыцауыл ӕууӕндын: куыд мын загъдӕуыд, афтӕ уыдзӕн.


Хъуыстой йӕм стырӕй, чысылӕй ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймагмӕ ис Хуыцауы тых, стыр кӕй хуындӕуы, уый».


Уырнындзинад та у, ӕнхъӕлмӕ цӕмӕ кӕсӕм, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ, цӕстӕй цы нӕ уынӕм, ууыл фидарӕй кӕй ӕууӕндӕм, уымӕн ӕвдисӕн.


Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыди, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта рӕстагыл.


Арвитдзынӕн Мӕ дыууӕ ӕвдисӕны, ӕмӕ уыдон сӕ уӕлӕ сӕхъис скӕндзысты, афтӕмӕй пехуымпариуӕг кӕндзысты мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan