Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ионӕ 3:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ионӕ сахары цӕуын байдыдта, боны дӕргъы йын-иу цас бантысти, уыйас, ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы ныхас хъусын кодта: «Дыууиссӕдз боны ма — ӕмӕ Ниневи ныппырх уыдзӕн!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ионӕ 3:4
10 Iomraidhean Croise  

Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Ӕрбацыди йӕм пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ дӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».


Дӕттын ма дын фынддӕс азы цӕрӕнбон. Ассирийы паддзахы фыдӕхӕй фервӕзын кӕндзынӕн дӕу дӕр ӕмӕ ацы сахар дӕр. Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд бахъахъхъӕндзынӕн Йерусалим».


Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи; фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын, фӕтӕригъӕд уын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст тӕрхоны Хуыцау у. Тӕхудиаг сты, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон!


„Ацы зӕххыл куы баззайат, уӕд уӕ сфидар кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныппырх кӕндзынӕн; байтаудзынӕн уӕ ӕмӕ уӕ не срӕдувдзынӕн, уымӕн ӕмӕ, цы бӕллӕх уын бавзарын кодтон, ууыл фӕсмон кӕнын.


Ӕмӕ федта Хуыцау, адӕм сӕ рӕдыд фӕндагӕй кӕй рахызтысты, уый, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыдис, уымӕй сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ нал ӕруагъта.


Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ базылын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтой Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй. Ныр та ам ис, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый.


Уымӕн ӕмӕ Ионӕ ниневиӕгтӕн ӕвдисӕйнаг куыд уыди, Адӕймаджы Фырт дӕр ацы фӕлтӕрӕн афтӕ уыдзӕни.


Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылынджын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй ӕрфӕсмон кодтой сӕ митыл. Ныр та, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый ам ис.


Пехуымпар Дунедарӕджы номӕй кӕй зӕгъа, уыцы ныхас куынӕ ӕрцӕуа ӕмӕ куынӕ сӕххӕст уа, уӕд йӕ ныхас Дунедарӕгӕй нӕ рацыд, фӕлӕ йӕ пехуымпар къӕйныхӕй загъта йӕхӕдӕг, ма дзы тӕрс.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan