Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ионӕ 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 «Марадз, хъуыстгонд стыр сахар Ниневимӕ ацу ӕмӕ адӕмӕн, Ӕз дын цы зӕгъын, уый фехъусын кӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ионӕ 3:2
13 Iomraidhean Croise  

Цӕмӕй йӕ афоныл бӕрӕггонд цӕуа Пурим, ӕхсин-паддзах Естер ӕмӕ иудейаг Мардохейы фыстӕджыты куыд дзырдӕуы, афтӕ, ӕгъдауыл. Сӕ комдарӕн ӕмӕ хъарӕггӕнӕн бонты иудейӕгтӕ сӕхӕдӕг куыд схатдзӕг кодтой, афтӕ.


Моисей Ааронӕн радзырдта, Дунедарӕг ӕй цы ныхӕстимӕ рарвыста, цы диссӕгтӕ бакӕнын ын бафӕдзӕхста, уый.


Ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, цӕугӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сын фехъусын кӕн. Ма сӕ фӕтӕрс, науӕд дӕ фесафдзынӕн сӕ разы.


Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: «Ӕвзонг дӕн, зӕгъгӕ, ма дзур; кӕдӕм дӕ ӕрвитон, уырдӕм цӕудзынӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ дзурдзынӕ.


Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты; фӕлӕ-иу сын ды уӕддӕр зӕгъ Мӕ ныхӕстӕ.


«Адӕймаджы фырт! Ӕз дӕ Израилы адӕмӕн сӕвӕрдтон хъахъхъӕнӕгӕй. Мӕ ныхӕстӕм-иу Мын хъус ӕмӕ сын зонд амон Мӕ номӕй.


«Цӕугӕ Ниневимӕ, хъуыстгонд стыр сахармӕ, ӕмӕ уым пехуымпариуӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм сӕ фыдракӕндты кой сыхъуыст».


Дунедарӕг Ионӕйӕн дыккаг хатт загъта:


Ионӕ байхъуыста Дунедарӕджы ныхасмӕ, срӕвдз кодта йӕхи ӕмӕ араст ис Ниневимӕ. Ниневи уыди стыр сахар, йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ — ӕртӕ боны цыд.


Кӕд ӕцӕг зӕрдиагӕй ӕрфӕсмон кодтат, уӕд ӕй хъуыддагӕй равдисут.


Фӕстӕдӕр ыл Йесо Кувӕндоны амбӕлд ӕмӕ йын загъта: «Ныр ды сдзӕбӕх дӕ. Тӕригъӕд мауал ракӕн, ноджы фыддӕр исты дыл куыннӕ ’рцӕуа, афтӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan