Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ионӕ 1:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Денджызонтыл стыр тас бахӕцыди Дунедарӕджы раз, ӕмӕ нывонд ӕрхастой Дунедарӕгӕн, ард Ын бахордтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ионӕ 1:16
19 Iomraidhean Croise  

Йаков расомы кодта: «Хуыцау мыл куы ауда, мӕ фӕндагыл мӕ куы хъахъхъӕна, къӕбӕр ӕмӕ дарӕсӕй мӕ цух куынӕ уадза,


Ной Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый фӕстӕ райста алы сыгъдӕг фосӕй ӕмӕ алы сыгъдӕг мӕргътӕй ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ.


Уӕд Нееман загъта: «Уӕдӕ мын кӕд мӕ лӕвӕрттӕ нӕ исыс, уӕд мын, дӕ цагъарӕн, дыууӕ хӕргӕфсы цы афӕразой, уый бӕрц уӕ сыджытӕй раттут, уымӕн ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг йеддӕмӕ ницыуал хуыцауӕн ӕрхӕсдзынӕн ӕз иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нывӕндтӕ.


Уымӕ гӕсгӕ, йӕхи зондджын чи хоны, уыдон Дзы иууылдӕр тӕрсӕнт, уӕлзонд кӕмӕ ис, уыдон иууылдӕр ризӕнт Йӕ разы!»


Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.


Дӕ ныхас нӕ сӕххӕст кӕныны бӕсты, фӕлтау дӕ дзыхӕй хъыпп-сыпп ма суадз;


Мӕ зӕрдӕ Дӕм ӕхсӕв дӕр тырны, Дӕу агуры сӕумӕрайсом мӕ уд. Ды зӕххӕн раст тӕрхон куы фӕкӕныс, уӕд дунейы цӕрджытӕ базонынц рӕстдзинад цы у, уый.


Ау, хъуамӕ сымах ма тӕрсат Мӕнӕй? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, фыр тӕссӕй Мӕ разы хъуамӕ ма ризат? Ӕз денджызӕн змисӕй скодтон ӕнусон арӕн, ӕмӕ денджызӕн нӕй ахизӕн йӕ сӕрты. Ныййарц вӕййынц уылӕнтӕ, фӕлӕ сӕ бон нӕу арӕныл фӕуӕлахиз уӕвын, сабухынц, фӕлӕ арӕны сӕрты сӕ бон ахизын нӕу.


Мӕ паддзахады цӕрджытӕ! Тӕрсут ӕмӕ ӕмризӕджы ризут Даниилы Хуыцауы раз! Уый у цардӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау! Йӕ паддзахадӕн фесӕфӕн нӕй, ӕмӕ Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн!


Ӕмӕ адӕмы стыр тас бацыд, Дунедарӕгӕй лидзынвӕнд кӕй скодта, уый сын куы радзырдта, уӕд, ӕмӕ йын загътой: «Уый цы ми бакодтай?!»


Уӕд Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой: «Лӕгъстӕ Дын кӕнӕм, Дунедарӕг, ацы адӕймаджы уды тыххӕй нӕ ма фесаф, ӕнаххос адӕймаджы тугныккалды нӕ азымджын ма фӕкӕн! Ды — Дунедарӕг: Дӕ фӕндон ахӕм уыди».


Уый у хъыцъыйы нӕмыгау. Тауинӕгты ӕхсӕн йӕ гагайӕ къаддӕр нӕй.


Ӕмӕ стыр тас бацыд ӕгас аргъуаны, стӕй, уыцы хабар чидӕриддӕр фехъуыста, уыдоны дӕр.


Дунедарӕджы зӕд ын дзуапп радта: «Куы уӕм афӕстиат уон, уӕддӕр уын уӕ хӕринагӕй нӕ бахӕрдзынӕн. Фӕлӕ дӕ кӕд Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссын фӕнды, уӕд бакӕн афтӕ». Маноах нӕма ’мбӕрста, йӕ разы Дунедарӕджы зӕд кӕй лӕууы, уый,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan