15 Систой Ионӕйы ӕмӕ йӕ денджызмӕ фехстой. Абухгӕ денджыз уыйадыл басабыр.
ӕмӕ сӕ Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатаны стджытимӕ иумӕ Целайы, Бениамины зӕххыл, Саулы фыд Кишы зӕппадзы бавӕрдтой. Бакодтой, паддзах куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ Хуыцау айста адӕмы куывд ӕмӕ батӕригъӕд кодта бӕстӕйӕн.
Йӕ хъомысы фӕрцы паддзахиуӕг кӕндзӕн ӕнусмӕ; Уый ӕппӕт адӕмтӕм Йӕ цӕст дары, цӕмӕй змӕнтджытӕ ма сыстой.
Цӕргӕбонты нӕм Дӕ маст нӕ сысы, ӕмӕ нӕ азтӕ иунӕг уысмау атӕхынц.
Чи зоны, кӕд нын Хуыцау фӕтӕригъӕд кӕнид, Йӕ судзгӕ мастӕй нӕ бахизид ӕмӕ кӕд нӕ фесӕфиккам».
Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис.
Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ Йесомӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, Ахуыргӕнӕг, сӕфӕм!» Йесо сыстади, уад ӕмӕ уылӕнтӕн бардзырд радта, ӕмӕ банцадысты. Бӕстӕ ныссабыр.