12 Уӕд сын уый загъта: «Доны мӕ баппарут, ӕмӕ басабыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз зонын, ацы ӕвирхъау уад уыл мӕн азарӕй кӕй рацыдис, уый».
Давид мӕлӕтхӕссӕг зӕды куы федта, уӕд Дунедарӕгӕн загъта: «Тӕригъӕды ӕз куы бацыдтӕн, фыдракӕнд ӕз куы сарӕзтон, уӕд ацы фыстӕ та цы аххосджын сты? Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».
Давид Хуыцауӕн загъта: «Адӕмы ӕз нӕ банымайын кодтон? Тӕригъӕдджын ӕз куы фӕдӕн, фыд ӕз куы ракодтон, уӕд ацы фыстӕ цы азымджын сты? О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Дӕ адӕмы сафыны бӕсты фӕлтау Дӕ азар ныххуырс мӕныл ӕмӕ мӕ бинонтыл».
Ды дӕ тӕригъӕдӕй дӕхи хуызӕттӕн хӕссыс зиан, дӕ рӕстдзинад адӕмы цӕсты ахады ӕрмӕстдӕр.
Куырыхондзинад цыфӕнды хӕцӕнгарзӕй дӕр хуыздӕр у, фӕлӕ иу лӕджы рӕдыд бирӕ хӕрзтӕ фесафы.
Денджыз та йӕ абухынӕй не ’нцади. Ӕмӕ йӕм дзурынц: «Цы дын бакӕнӕм, цӕмӕй нын денджыз ныссабыр уа, уый тыххӕй?»
Уыдон сӕ нау былы ’рдӕм сарӕзтой ӕмӕ фыййӕгтӕй тынгдӕр ссонын байдыдтой, зӕхмӕ куы баирвӕзиккам, зӕгъгӕ. Фӕлӕ денджыз йӕ абухын нӕ уагъта, уылӕн сӕ ныхмӕ цавта, ӕмӕ сӕ фӕндӕй ницы рауад.
Уӕ бон бамбарын нӕу, ӕппӕт адӕмы фесафыны бӕсты сӕ сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд сымахӕн хуыздӕр кӕй уыдзӕн, уый».
ӕмӕ мын загъта: „Ма тӕрс, Павел! Ды хъуамӕ ӕрлӕууай кесӕры раз, ӕмӕ дын Хуыцау балӕвар кодта, демӕ чи цӕуы, уыдоны иууылдӕр“.
Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕн сӕ бон нӕ баци фыдгулты ныхмӕ фӕлӕууын, ӕмӕ лидзӕг фесты знӕгтӕй. Ныр сӕхӕдӕг дӕр ӕлгъыстаг фесты. Ӕлгъыстаг цы у, уый уе ’хсӕнӕй куынӕ фесафат, уӕд амӕй фӕстӕмӕ Ӕз нал уыдзынӕн уемӕ.