10 Ӕмӕ адӕмы стыр тас бацыд, Дунедарӕгӕй лидзынвӕнд кӕй скодта, уый сын куы радзырдта, уӕд, ӕмӕ йын загътой: «Уый цы ми бакодтай?!»
Дунедарӕг Хуыцау сылгоймаджы бафарста: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг загъта: «Калм мӕ фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ дзы уымӕн бахордтон».
Йоав паддзахӕн загъта: «Адӕм цас сты, сӕдӕ ахӕмы ма сыл бафтауӕд Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ уый паддзах, мӕ бардарӕг, йӕхи цӕстӕй фенӕд. Фӕлӕ уӕддӕр паддзахы, мӕ бардарӕджы, афтӕ бакӕнын цӕмӕн бафӕндыд?»
Йӕхи йыл ӕгъатырӕй ныццӕвдзӕн, ӕмӕ дзы уый фӕдисонау лидздзӕн.
Денджыз та йӕ абухынӕй не ’нцади. Ӕмӕ йӕм дзурынц: «Цы дын бакӕнӕм, цӕмӕй нын денджыз ныссабыр уа, уый тыххӕй?»
Фӕлӕ Ионӕ сфӕнд кодта Таршишмӕ фӕлидзын, цӕмӕй Дунедарӕгӕй бамбӕхса. Ныццыдис Яффойы сахармӕ, Таршишмӕ чи цыд, ахӕм нау ссардта, ӕхца бафыста ӕмӕ наумӕ ныххызти, Дунедарӕгӕй йӕхи айсыны фӕндимӕ.
Пилат уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ноджы тынгдӕр старсти.
Уым Йешуа загъта Аханӕн: «Ацы фыдбылыз ныл цӕмӕн бафтыдтай? Абон дын Дунедарӕг дӕхиуыл фыдбылыз ӕфтауы!» Ӕмӕ Израилы дзыллӕ уым Аханы дурты бын фӕкодтой. Уый фӕстӕ та — уырдӕм ма кӕй ӕрбакодтой, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ басыгътой.