1 Дунедарӕг Амиттайы фырт Ионӕйӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:
Йеровоам ногӕй ӕрфидар кодта, Ливаны дӕлвӕзмӕ цӕгатӕрдыгӕй, Хаматы сахарӕй, куы бахизай, суанг уырдыгӕй райдай ӕмӕ Мард денджызы онг Израилӕн раздӕр цы арӕнтӕ уыди, уыдон. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йӕ цагъары, гат-хефераг пехуымпар Амиттайы фырт Ионӕйы уылты цы загъта, уый.
Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?
Дунедарӕг Ионӕйӕн дыккаг хатт загъта:
Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домы, фӕлӕ Ионӕйы диссагӕй уӕлдай ӕндӕр ӕвдисӕйнаг нал фендзӕн». Уыйадыл сӕ ныууагъта ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.
Ниневиӕгтӕ Тӕрхоны Бон мӕрдтӕй растдзысты ацы фӕлтӕры ныхмӕ ӕмӕ йӕ фӕзылынджын кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы пехуымпар ныхасӕй ӕрфӕсмон кодтой сӕ митыл. Ныр та, Ионӕйӕ уӕлдӕр Чи у, Уый ам ис.