14 Ӕрӕмбырд сты ӕнӕнымӕц адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Бон ӕрбаввахс ис Тӕрхоны дӕлвӕзы.
Мӕн амарынмӕ чи бӕллы, уыдон мын ахсӕн хызтӕ сӕвӕрдтой. Ме сӕфтмӕ бӕллынц ӕмӕ мӕ ’лгъитынц, бон-изӕрмӕ сау фӕндтӕ нывӕндынц.
Хӕхты тыхджын уынӕр хъуысы, цыма ӕнӕнымӕц дзыллӕйы хъӕлӕба у, уыйау. Абухынц паддзахӕдтӕ, ӕмбырдтӕ кӕнынц адӕмтӕ. Уый Уӕларвӕфсады Бардарӕг фӕсидти хӕстифтонг ӕфсадмӕ.
Рагуац Цӕстылуайӕнты дӕлвӕзы тыххӕй. Дӕ цӕрджытӕ уӕлхӕдзӕрттӕм цы схызтысты?
О, уыцы бон! Ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, Ӕппӕтхъомысы гӕныстонау ӕрцӕудзӕн.
Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.
Дунедарӕгӕн Йе ’фсады раз райхъуысдзӕни Йӕ хъӕлӕс. Ӕнӕнымӕц, тыхджын сты Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ, хъусынц Ын Йӕ ныхасмӕ. Ӕвирхъау ӕмӕ тынг тӕссаг у Дунедарӕджы бон! Чи бафӕраздзӕн?
Уадз, адӕмтӕ сыстой ӕмӕ Иосафаты дӕлвӕзмӕ ӕрбацӕуой. Ӕз уыцы ран ӕрбаддзынӕн ӕмӕ тӕрхон кӕндзынӕн сӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн.
Ӕппӕт адӕмты ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Иосафаты дӕлвӕзмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ сын Мӕ адӕмы, Мӕ исбоны, Израилы тыххӕй сын тӕрхон кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтой ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх байуӕрстой.
Дунедарӕджы тӕрхоны бон ӕрӕввахс! Ралӕудзӕни тагъд! Ныридӕгӕн йӕ уынӕр хъуысы! Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд суанг хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр ныдздзыназдзысты!
Уӕхи хизут куыйтӕй, уӕхи хизут зианхӕссӕг кусджытӕй, уӕхи хизут, буарӕй хынджылӕггаг чи аразы, уыдонӕй.
Ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхх та уыцы ныхасӕй хъахъхъӕд цӕуынц артӕн — Тӕрхоны бон бабын уыдзысты уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт ӕнӕхуыцӕуттӕ дӕр.