10 Уӕ гутонтӕ батайын кӕнут ӕмӕ сӕ хъаматӕ скӕнут, уе ’хсырфытӕй саразут ӕрцытӕ. Хъару кӕмӕ нӕй, уый зӕгъӕд: «Ӕз дӕн бӕгъатыр!»
Кӕд дӕ фӕнды, уӕд ацу ӕмӕ де ’хсар равдис! Науӕд дӕ Хуыцау де знӕгты раз афӕлдахдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы бон у баххуыс кӕнын дӕр ӕмӕ афӕлдахын дӕр».
Дунедарӕг тӕрхон кӕндзӕнис адӕмтӕн, бирӕ знӕмтӕн бауайдзӕф кӕндзӕн. Уыдон сӕ кӕрдтӕй сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй — ӕхсырфытӕ, ногӕй сӕ рацӕгъддзысты, афтӕмӕй. Адӕмтӕ кӕрӕдзимӕ кӕрдтӕ нал сисдзысты ӕмӕ хӕстмӕ сӕхи нал цӕттӕ кӕндзысты.
Уӕ фӕттӕ сцыргъ кӕнут, байдзаг кӕнут уӕ фатдонтӕ! Дунедарӕг сцырен кодта Мидийы паддзӕхты, уымӕн ӕмӕ Йӕ зӕрды ис Вавилоны сахар бабын кӕнын. Уый у Дунедарӕджы мастисӕн тӕрхон, Йӕ Кувӕндоны маст сӕ райсдзӕн.
Уый бирӕ адӕмтӕн тӕрхон кӕндзӕни, дардбӕстаг знӕмтӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн: уыдон стайын кӕндзысты сӕ кӕрдтӕ ӕмӕ сӕ сараздзысты гутонтӕ, се ’рцытӕй та — ӕхсырфтӕ. Иу адӕмыхатт иннӕмӕ кард нал сисдзӕн, ӕмӕ хӕцыныл нал ахуыр кӕндзысты.
Уыцы бон Дунедарӕг Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, сӕ лӕмӕгъдӕр Давидау стыхджын уыдзӕн. Давиды хӕдзар та, йӕ разӕй чи цӕуы, уыцы Хуыцауы, Дунедарӕджы зӕды ӕнгӕс суыдзӕни.
Йесо йӕ куы федта, уӕд ӕм фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Хорз ус, дӕ низӕй суӕгъд дӕ».
Уӕд сын загъта: «Ныр та уӕ ӕхцайы чыссӕ кӕмӕ ис, уый йӕ йемӕ айсӕд; хордзен кӕмӕ ис, уый дӕр ӕй айсӕд йемӕ. Ӕхца кӕмӕ нӕй, уый та йӕ пӕлӕз ауӕй кӕнӕд ӕмӕ кард балхӕнӕд.