9 Базгъордтой сахармӕ, ссыдысты къултыл, хӕдзӕрттӕм бырынц, хуыснӕджытау бахызтысты рудзгуытӕй.
Мӕтыхтӕ сӕхи андзӕрстой Мысыры зӕххыл ӕмӕ бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй бацахстой. Уый бӕрц мӕтыхтӕ уӕды онг дӕр нӕ фендӕуыд ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ фендӕуыдзӕн.
Мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты дӕ галуан, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ. Уӕ фыдӕлтӕ ацы зӕххыл куы ӕрцардысты, уӕдӕй нырмӕ ахӕм бӕллӕх никуыма фендӕуыд“». Моисей йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ фараоны галуанӕй рацыд.
Мӕлӕт мидӕмӕ хизы нӕ рудзгуытӕй, бырсы нӕ галуантӕм; уынгты нын цӕгъды нӕ сабиты, фӕзты нын мары нӕ лӕппуты.
Кӕрӕдзийы нӕ хъыгдарынц, алкӕмӕн дӕр дзы ис йӕхи фӕндаг. Ӕрцытӕ сыл ӕхсынц, фӕлӕ сӕ ничи бауромдзӕн.
«Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕтӕрмӕ дуарыл нӕ, фӕлӕ йӕм ӕндӕр искӕуылты чи бахизы, уый давӕг ӕмӕ абырӕг у.