Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоел 2:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Равдисдзынӕн диссӕгтӕ арв ӕмӕ зӕххыл: туг, арт ӕмӕ фӕздӕджы къуымбилтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоел 2:30
16 Iomraidhean Croise  

Афӕлгӕсыди Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, стӕй ӕгас дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: зӕхх цыма гарнайы пец фестади, уыйау дзы цыди фӕздӕг.


— Акӕсут-ма, ӕдзӕрӕг быдырӕй арты фӕздӕгау чи ссӕуы, йӕ алыварс — буд ӕмӕ миррӕйы хӕрздӕф, алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынц йӕ разы, афтӕмӕй?


Ныдздзыназдзӕн зӕхх, ныссау уыдзӕнис арв йӕ сӕрмӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз ахӕм тӕрхон рахастон. Мӕ фӕндон нӕ аивдзынӕн, сӕххӕст ӕй кӕндзынӕн.


Уыцы бон бӕстӕ баталынг уыдзӕн, рухсгӕнӕнтӕ фӕцыдӕр уыдзысты.


Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд хур баталынг уыдзӕни, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.


Уыдзӕни стыр зӕххӕнкъуыстытӕ, ранӕй-рӕтты — стонг ӕмӕ фыдрынтӕ. Зӕххыл цӕудзӕн ӕвирхъау цаутӕ, стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ раргом уыдзӕн уӕларвӕй.


Гайы фӕдисӕттӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты ӕмӕ, сӕ сахар куыд судзы, уый ауыдтой, йӕ фӕздӕг арвмӕ цавта. Налдӕр сын иуӕрдӕм фӕндаг уыди, налдӕр — иннӕрдӕм. Йешуаимӕ Израилы ӕфсадӕй ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм ӕфсоны лыгъд чи кодта, уыдон дӕр сахары сӕрмӕ фӕздӕгӕй базыдтой, ӕмбӕхстӕй чи бадти, уыдон сахар кӕй байстой, ӕмӕ фӕстӕмӕ фездӕхтысты, сӕ сурджытыл сӕхи ныццавтой.


уынынц ын йӕ арты фӕздӕг ӕмӕ хъӕр кӕнынц: «Ацы стыр сахарӕн ӕмбал нӕй!»


Йемӕ хъахбай митӕ ӕмӕ хъалцард чи кодта, уыцы зӕххон паддзӕхтӕ йын йӕ арты фӕздӕг куы феной, уӕд ыл ныккӕудзысты ӕмӕ ныдздзыназдзысты.


Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.


Израилаг хӕстонтӕ, рӕсӕнуаты чи бадти, уыдонимӕ ныхасгонд уыдысты, рӕсӕнуаты бадджытӕ сахары арт куы ссудзой, арты фӕздӕг арвмӕ куы фӕцӕуа,


Уыцы рӕстӕг сахары сӕрмӕ фӕздӕджы къуымбил ссыди. Бениамины фӕдонтӕ фӕстӕмӕ разылдысты ӕмӕ федтой: сахар судзы, ӕмӕ йӕ фӕздӕг арвмӕ фӕцыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan