Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоел 2:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уӕхи бафсаддзыстут ӕмӕ стаудзыстут уӕ Дунедарӕг Хуыцауы ном, уый бӕрц диссӕгтӕ уын Чи сарӕзта, Уый, ӕмӕ Мӕ адӕм мыггагмӕ нал сӕгад уыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоел 2:26
41 Iomraidhean Croise  

Айс, дӕ хорзӕхӕй, мӕ лӕвар. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис». Йаков ӕм тынг бахатыд, ӕмӕ уӕд уый дӕр уӕлдай ницыуал загъта.


Ӕмӕ уыдон бацахстой фидаргонд сахартӕ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, сӕхи бакодтой алыхуызон мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ айнӕджы риуы къахт донмарӕнтӕ, сӕхи бакодтой сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕсты къохтӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц дыргъдӕттӕ. Хордтой, сӕхи ӕфсӕстой, хуыз сӕ бацыди, ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстой Де стыр хорзӕхы фӕрцы.


Фидар бындурыл ӕрӕвӕрдтай зӕхх ӕмӕ йӕ бынатӕй никуы фӕиртӕсдзӕн.


Сымах худтыстут мӕгуырыл, фӕлӕ йӕ Дунедарӕг хъахъхъӕны.


Мӕ азымыл сӕттын, мӕ тӕригъӕдыл фӕсмонӕй мӕлын.


Хуыцауы кадӕн зарут! Стаут ын Йӕ ном! Ӕврӕгътыл Чи рацӕуы, Уымӕн скад кӕнут! Йӕ ном — Дунедарӕг! Цинӕй райут Йӕ разы!


Ды сын сӕ фӕндаг скӕныс бырынцъаг ӕмӕ сӕ быныскъуыд фӕкӕндзынӕ.


Йӕ уисӕн тӕригъӕд чи кӕны, уый йӕ фырты нӕ уарзы, фӕлӕ йӕ чи уарзы, уый йын зонд бацамондзӕн.


— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!


Дунедарӕг, Ды — мӕ Хуыцау! Стауын Дӕ — кад Дын кӕнын Дӕ номӕн! Ды сарӕзтай ӕмбисонды хъуыддӕгтӕ — цы фӕнд дӕм ӕрцыди рагзаманы, уый ныр сӕххӕст кодтай, иузӕрдион Хуыцау!


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Авраамы Ирвӕзынгӕнӕг, Йаковы хӕдзарвӕндаджы тыххӕй зӕгъы: «Уӕд Израил къӕмдзӕстыг нал уыдзӕн, йӕ цӕсгомы хуыз нал фӕлидздзӕн.


Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы. Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты.


Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».


Ма тӕрс! Нырӕй фӕстӕмӕ нал хӕсдзынӕ ӕгады ном. Мацӕмӕйуал ӕфсӕрмы кӕн! Нал дыл сбаддзӕни фидиссаджы ном. Де ’взонджы худинаг дӕ ферох уыдзӕни, дӕ идӕдзы бонты фидистӕ дӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрӕфтдзысты.


Уе ’взистӕй цӕмӕн дӕттут, къӕбӕры аккаг уын цы нӕу, уый сӕрмӕ? Уӕ хъиамӕтӕй дӕр цӕмӕн фидут, уе стонг уын цы нӕ сафы, ууыл? Мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд уӕ хойраг уыдзӕни фӕрнӕйдзаг, уӕ удтӕ ӕфсаддзыстут хӕрзад хӕринагӕй.


Зӕхх уын йӕ бӕркад дӕтдзӕн, ӕмӕ ӕфсӕст уыдзыстут.


Хойрагӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзынӕн, уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй иу пецы дзул фыцдзысты. Тӕразыл барстӕй уын дзул дӕтдзысты, ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не ’фсӕддзыстут.


Уӕ найгӕнӕнтӕ-иу суанг сӕнӕфсир тоныны афонтӕм ахӕццӕ уыдзысты; уӕ сӕнӕфсир-иу тынд нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ-иу хортауӕн афон ралӕудзӕн. Хойрагӕй уыдзыстут ӕфсӕст ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзыстут уӕ зӕххыл.


Хӕрдзынӕ, фӕлӕ не ’фсӕддзысты, сӕ хӕринаг сын нал тайдзӕни. Фӕстауӕрцӕн цы бавӕрай, уыдон дӕ бон бахъахъхъӕнын не суыдзӕн, цы ма дӕм аззайа, уыдон карды амӕттаг бакӕндзынӕн.


Уыцы бон дын Ӕз, Мӕ ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, уыдон дӕ цӕстмӕ нал бадардзынӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй сӕрыстыр ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕмы фӕсурдзынӕн, ӕмӕ уӕд Мӕ уаз хохыл схъӕл ныхӕстӕ нал кӕндзынӕ.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕ хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ дурӕхсӕны дуртыл фӕуӕлахиз уыдзысты, ныццӕгъддзысты сӕ; сӕ уынӕр хъуысдзӕнис, цыма сӕнӕй ныррасыг сты, уыйау; нывондхӕссӕн кӕхцытау, нывондхӕссӕны сыкъатау байдзаг уыдзысты сӕнӕй.


О, куыд хорз ӕмӕ куыд рӕсугъд уыдзысты! Хорӕй дидинӕг скалдзысты лӕппутӕ, ног сӕнӕй — чызджытӕ!


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Чидӕриддӕр Ыл ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕн».


Ныфс та нӕ сайы, уымӕн ӕмӕ, лӕвӕрд нын Чи у, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕ байдзаг кодта Йӕ уарзтӕй.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».


Ӕз уын уӕ быдырты уӕ фосӕн кӕрдӕг ӕрзайын кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕххормаг никуы уыдзыстут.


Ӕмӕ-иу цин кӕнӕнт уемӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ, уӕ цагъартӕ сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй ӕмӕ, уе ’хсӕн зӕххӕй дӕр ӕмӕ исбонӕй дӕр хай кӕмӕн нӕй, уыцы левиттӕ.


Хӕр сӕ ӕрмӕстдӕр Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы раз, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цы бынат равзӕрста, уым, демӕ — дӕ цот, чызгӕй, лӕппуйӕ, дӕ цагъартӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй ӕмӕ дӕ сахары цӕрӕг левиттӕ. Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, раз райӕд дӕ зӕрдӕ дӕ къухвӕллойӕ.


Минас кӕнут уым Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ цин кӕнут уӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы къухты фӕллой ратта, ууыл.


Ӕмӕ-иу куы бахӕрат ӕмӕ куы бафсӕдат, уӕд-иу кӕддӕриддӕр арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ахӕм диссаджы бӕстӕ уын кӕй радта, уый тыххӕй.


Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.


Уӕдӕ, мӕ хуртӕ, уӕд уын иудзинад Чырыстиимӕ, куы ’рцӕуа, уӕд ныфсджын куыд уӕм ӕмӕ Йӕ разы къӕмдзӕстыг куыд нӕ разынӕм, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan