Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоел 2:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Уӕ хордӕттӕ байдзаг уыдзысты хорӕй, уӕ сӕндуцӕнтӕ — сӕнӕфсиры дон ӕмӕ сойӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоел 2:24
8 Iomraidhean Croise  

Сымах та, Израилы хӕхтӕ, рауадздзыстут уӕ къабузтӕ ӕмӕ Мӕ адӕм Израилӕн дӕтдзыстут уӕ дыргъ, уымӕн ӕмӕ уыдон рӕхджы ӕрбацӕудзысты.


Райсут уе ’хсырфытӕ — кӕрдинаг бирӕ ис! Фезмӕлут! Сӕндуцӕнтӕн сӕн сӕ былтӕй кӕлы, зӕхх адӕмы тӕригъӕдтӕ нал уромы.


Уыцы заман хӕхтӕй ракӕлдзӕн сӕн, къуыбыртӕй — ӕхсыр, Иудӕйы ӕрхытӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Дунедарӕджы Кувӕндонӕй суадон ракӕлдзӕн ӕмӕ Ситтимы дӕлвӕз бафсаддзӕнис.


Зӕхх уын йӕ бӕркад дӕтдзӕн, ӕмӕ ӕфсӕст уыдзыстут.


Уӕ хойраджы фӕстауӕрц-иу хӕрд нӕма ӕрцӕудзӕн, афтӕ-иу уын калинаг фӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу ног тыллӕгӕн бынат суӕгъд кӕнын бахъӕудзӕн.


Рӕхджы ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ хуымгӕнӕг хуыммӕ рацӕудзӕн, фӕлӕ хуымгӕрдӕг нырма уыдзӕнис уым; тауӕг рацӕудзӕн, фӕлӕ нырма сӕн ссӕнддзысты. Хӕхтӕй сӕн ракӕлдзӕн, ӕмӕ къуыбыртӕ сфӕлмӕн уыдзысты.


Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan