Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоел 2:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Сионы фырттӕ, сымах дӕр цин кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ уын Уый, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц ратдзӕн къӕвдатӕ. Уалдзыгон ӕмӕ фӕззыгон къӕвдатӕ раздӕрау ӕруарын кӕндзӕн сымахӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоел 2:23
42 Iomraidhean Croise  

уӕд-иу уӕларвӕй фехъус Дӕ лӕггадгӕнджыты, Израилы адӕмы, ӕмӕ-иу сын ныббар сӕ азым, раст фӕндагыл-иу сӕ сараз, фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн сын цы зӕхх радтай, ууыл та-иу къӕвдайы ’ртах ӕруадз!


Фӕлӕ Йын мин Хъахъхъӕнӕг зӕдӕй иу йӕ рӕстдзинады тыххӕй куы бакой кӕна,


Куы Хуыцауы цӕф, куы та Йӕ хорзӕх ӕрхӕссынц зӕхмӕ.


Уый загъта, ӕмӕ фӕзындысты мӕтыхтӕ, ӕнӕнымӕцӕй апырх ис къуыдыргалм;


Уый Йӕ ныхас загъта Йаковӕн, Йӕ фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ — Израилӕн.


Цин кӕнӕд Израил йе Скӕнӕджы раз, райӕнт Сионы фырттӕ сӕ Паддзахы раз.


Дунедарӕджы хъӕлӕс арты цӕхӕртӕ рацӕгъды.


Дунедарӕджы уынаффӕ та — ӕнустӕм, Йӕ зӕрдӕйы фӕндон — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.


Ау, ӕнусмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ судздзӕни Дӕ маст?


Паддзахӕн йӕ рухс цӕстӕнгасы — цард, йӕ хӕрзаудӕн — уалдзыгон тӕрккъӕвда.


Уӕ фӕндагыл галиуӕрдӕм кӕнӕ рахизӕрдӕм куы здӕхат, уӕд уӕ фӕсчъылдымӕй фехъусдзыстут: «Мӕнӕ ацы фӕндагыл ацӕут!»


Хуыцау уын уӕ хоры хуымтӕн ратдзӕни къӕвда, стӕй уӕ бафсаддзӕни дзаджджын тыллӕгӕй, ныккӕнӕн дӕр нӕ уыдзӕни уӕ хортӕн.


Дымгӕмӕ сӕ ныддардзыстут, ӕмӕ сӕ дымгӕ ахӕсдзӕн, уаддым сӕ ныххӕлиу кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд бацин кӕндзыстут Дунедарӕгыл, стаудзыстут Израилы Стыр Хуыцауы».


Цинӕй райӕм, цин кӕнӕм Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл. Ирвӕзындзинадӕй нӕ дарӕсау сфӕлыста, рӕстдзинадӕй нӕ ’рбатыхта пӕлӕзау. Афтӕ усгурыл дӕр кады худ ӕркӕнынц, йӕ усагыл — чындзы фӕлыст.


Уый тыххӕй Ӕз зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ банцадысты. Хъахбай сылау дӕ цӕсгом фесӕфтай, ферох дӕ ис ӕфсарм!


Сӕхинымӕр афтӕ нӕ загътой: „Фӕтӕрсӕм Дунедарӕгӕй, нӕ Хуыцауӕй. Фӕззӕджы ӕмӕ нын уалдзӕджы афойнадыл къӕвдатӕ Уый ратты, хуымгӕрдӕнты къуыритӕ нын Уый сбӕлвырд кодта“.


О Сионы зынаргъ фырттӕ! Кӕддӕр куы уыдысты сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕмаргъ! Ныр сын ӕлыгӕй конд дурынтау, дурынгӕнӕджы мигӕнӕнтау, куынӕуал ис аргъ!


Раарфӕ кӕндзынӕн уыдонӕн дӕр ӕмӕ Мӕ уаз бӕрзӕнды алфамбылӕйттӕн дӕр, афоныл сын дӕтдзынӕн къӕвдатӕ — уыдон уыдзысты фарны къӕвдатӕ.


Уӕдӕ нӕ уд хъарӕм, Дунедарӕджы базонынмӕ тырнӕм: Уый нӕм раргом уыдзӕн сӕуӕхсидау, фӕзындзӕн нӕм къӕвдайау, зӕххӕн йӕ дойны суадздзӕни тӕрккъӕвдайау».


уӕд уын афоныл ӕрвитдзынӕн къӕвдатӕ, ӕмӕ уын зӕхх дӕтдзӕни тыллӕг, бӕлӕстӕ та — дыргътӕ.


Ӕмӕ-иу Ӕз уый тыххӕй мӕнӕугӕрдӕнтӕй ӕртӕ мӕйы раздӕр зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, иу сахары-иу къӕвда ӕруарын кодтон, иннӕйы та нӕ; зӕххы иу хай-иу донӕй бафсӕстон, иннӕ та-иу бахус ис ӕнӕ донӕй.


Лӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, цӕмӕй уын афоныл къӕвда ратта. Дунедарӕг сфӕлдисы тӕрккъӕвдатӕ, ратты уын сахкъӕвдатӕ, алкӕмӕн йӕ хоры ӕвзартӕ ссӕуын кӕны.


Ефрем сахъ хӕстоны хуызӕн суыдзӕни, цыма сӕны хъӕстӕ фӕцис, уыйау райдзӕни йӕ зӕрдӕ. Уый фенгӕйӕ, йӕ цот дӕр цин кӕндзысты, Дунедарӕгӕй райдзӕни сӕ зӕрдӕ.


Иудӕ фестдзӕнис Ме ’рдын, Ефрем — Мӕ фат. Сион, дӕ фыртты дын грекъӕгты ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн, хӕстон хъама Мын фестдзынӕ.


Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.


Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хойрагӕй уӕ хӕссы ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады».


уӕд Ӕз йӕ афоныл — уалдзӕг дӕр ӕмӕ фӕззӕг дӕр — уӕ бӕстӕйӕн къӕвдайы ӕртах дӕтдзынӕн, ӕмӕ уӕм уыдзӕни хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой.


Байгом кӕндзӕн Дунедарӕг сымахӕн Йӕ фарны хӕзнадон — арв, ӕмӕ афоныл уардзӕн къӕвда уӕ зӕххыл, ӕмӕ арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй уӕ алы къухвӕллой. Бирӕ адӕмтӕн дӕтдзыстут ӕфстау, фӕлӕ уӕхӕдӕг хӕсагур никӕмӕ цӕудзыстут.


Цы зонын, уый фемӕхсдзӕни уарынау; уыдзӕни мӕ дзыхы дзырд сӕууон ӕртӕхау, нӕудзарыл тӕрккъӕвда ӕрцӕуӕгау, кӕрдӕгыл саха ныккӕлӕгау.


Уӕдӕмӕ, ме ’фсымӕртӕ, цин кӕнут, Бардарӕгимӕ кӕй стут, ууыл. Раздӕр уын цы дзырдтон, уый уӕм ногӕй ныффыссон, уый мӕнӕн зын нӕу, сымах та фыдбылызӕй бахиздзӕн.


Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд — кусӕм Хуыцауӕн, Сыгъдӕг Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ сӕрыстыр стӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.


Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan