19 Дзуапп сын ратдзӕнис ӕмӕ зӕгъдзӕн Йӕ адӕмӕн: «Хор, сӕн ӕмӕ уын сой ратдзынӕн, бафсаддзыстут уӕхи. Ӕцӕгӕлон адӕмтӕн уӕ хынджылӕггаг никуыуал скӕндзынӕн.
Ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ Сионы хохыл сӕ цины хъӕртӕ хъуысдзысты; цин кӕндзысты, Дунедарӕг сын парахатӕй кӕй ратдзӕн, уыдӕттыл: мӕнӕу, сӕн ӕмӕ сойыл, фыстӕ ӕмӕ галтыл. Сӕ удтӕ дидинӕгкалӕг дыргъдоны хуызӕн суыдзысты, сӕ хъизӕмарӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн.
Сӕ зӕххы бӕркад сын сбирӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ сыдӕй нал мӕлдзысты сӕ бӕстӕйы, адӕмтӕ сын нал кӕндзысты фидис.
Уӕд уыл адӕмтӕ нал худдзысты, фидистӕ уын нал кӕдзысты ӕмӕ уӕ адӕмы зӕйц дӕр нал сафдзыстут уӕдӕй фӕстӕмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Фервӕзын уӕ кӕндзынӕн уе ’ппӕт чъизитӕй, ратдзынӕн уын хор ӕмӕ йӕ сбирӕ кӕндзынӕн, цӕмӕй стонг ма ӕвзарат.
Сбирӕ кӕндзынӕн дыргъ ӕмӕ тыллӕджы бӕркад дӕр, цӕмӕй уын уе стонджы тыххӕй мауал фидис кӕной ӕцӕгӕлон адӕмтӕ.
Ӕз Израилы адӕмӕй Ме ’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».
Уым ын Ӕз фӕстӕмӕ ратдзынӕн йӕ сӕндӕттӕ, Ахоры дӕлвӕз фестдзӕни ныфсы дуар. Ӕмӕ уым райхъуысдзӕни йӕ зарӕг, ӕвзонг ма куы уыд ӕмӕ Мысыры зӕххӕй куы рацыд, уӕд куыд уыдис, афтӕ.
Уыцы бон Ӕз ратдзынӕн дзуапп, — зӕгъы Дунедарӕг, — арвӕн зӕгъдзынӕн, ӕмӕ зӕххыл къӕвда ӕруадздзӕни.
Зӕхх ратдзӕнис хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой. Ӕмӕ афтӕмӕй дзуапп ратдзынӕн Изреелӕн.
Сафтид ис быдыр, ӕмӕ зӕхх додой кӕны, уымӕн ӕмӕ хор нал ис, сӕн байсыст, оливӕ бӕлӕстӕ бахус сты.
Уӕ хордӕттӕ байдзаг уыдзысты хорӕй, уӕ сӕндуцӕнтӕ — сӕнӕфсиры дон ӕмӕ сойӕ.
Уӕ найгӕнӕнтӕ-иу суанг сӕнӕфсир тоныны афонтӕм ахӕццӕ уыдзысты; уӕ сӕнӕфсир-иу тынд нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ-иу хортауӕн афон ралӕудзӕн. Хойрагӕй уыдзыстут ӕфсӕст ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзыстут уӕ зӕххыл.
Сабырӕй байтаудзысты сӕ хуымтӕ, сӕнӕфсиры талайыл гагатӕ равзӕрдзӕн, зӕхх тыллӕг ратдзӕнис, арвӕй ӕртӕх ӕрызгъӕлдзӕн. Ӕмӕ уыдӕттӕ Ӕз иууылдӕр, Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ратдзынӕн исбонӕн.
Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.
уӕд Ӕз йӕ афоныл — уалдзӕг дӕр ӕмӕ фӕззӕг дӕр — уӕ бӕстӕйӕн къӕвдайы ӕртах дӕтдзынӕн, ӕмӕ уӕм уыдзӕни хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сой.
Наоми бавдӕлд ӕмӕ йӕ чындзытимӕ фӕстӕмӕ рараст ис Моавы быдырӕй, уымӕн ӕмӕ, куыд ӕрыхъуыста, афтӕмӕй Хуыцау ӕркасти йӕ адӕммӕ ӕмӕ сын хор радта.