Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоел 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Иу бал иннӕйы фӕдыл тӕхынц мӕтыхтӕ. Фыццаг ӕрдонгӕй цы аирвӕзти, уыдон аныхъуырдтой дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг балтӕ; уыдонӕй ма цы аирвӕзт, уый та — цыппӕрӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоел 1:4
19 Iomraidhean Croise  

Зӕххыл хус дымгӕ, зайӕгойты низ, мӕтыхтӕ ӕмӕ къуыдыргалм тыллӕг куы бабын кӕной ӕмӕ стонг заман куы скӕна, ноджы ма адӕм емынӕ ӕмӕ ӕндӕр низты амӕттаг куы бауой кӕнӕ сӕм фыдгул куы бабырса,


Бӕстыл стонг заман куы скӕна, рын куы фӕзына, хус дымгӕ, зайӕгойты низ, мӕтыхтӕ ӕмӕ къуыдыргалм тыллӕг куы бабын кӕной, фыдгултӕ сахарыл куы ’рхъула кӕной — цыфӕнды фыдбылыз куы ’рцӕуа ӕмӕ цыфӕнды низ куы фӕзына,


Арвы дуӕрттӕ куы сӕхгӕнон ӕмӕ зӕхмӕ доны ’ртах куынӕуал ӕруадзон, тыллӕг мӕтыхтӕн куы бахӕрын кӕнон, кӕнӕ Мӕ адӕмы рыны амӕттаг куы бакӕнон,


Дунедарӕджы дзырдмӕ нӕ байхъуыстой Йӕ адӕм — кӕмӕй сын загъта, уыцы адӕмты нӕ ныццагътой,


Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын тӕккӕ райсом дӕ бӕстӕ мӕтыхты хай бакӕндзынӕн.


Уый бӕрц уыдзысты, ӕмӕ ӕрӕмбӕрздзысты зӕххы уӕлцъар, зӕхх сӕ бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕн. Ихуарды фӕстӕ ма йыл зайӕгойӕ цы аззад, уыдонӕй ницыуал фӕуадздзысты, уӕ бӕлӕстӕ дӕр ма уын ахсындзысты.


Мӕтыхтау уын уыдон уӕ фӕллоймӕ бырстой, мӕтыхты ӕвзӕнау ыл сӕхи цавтой.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта Йӕхицӕй: «Ӕз дӕ мӕтыхтау адӕмӕй байдзаг кӕндзынӕн, сӕ уӕлахизы хъӕр райхъуысдзӕн дӕ сӕрмӕ».


Ӕгас зӕххыл уӕ тырысатӕ сисут! Адӕмты ’хсӕн сыкъауадындзтӕй ныууасут! Арарат, Минни ӕмӕ Ашкеназы паддзахӕдтӕм фӕсидут, цӕмӕй Вавилоны ныхмӕ схӕцой! Йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн равзарут фӕтӕг! Уӕ бӕхтыл ӕм мӕтыхтау бабырсут!


Мӕтыхтӕ ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕй, Ӕз уӕм кӕй арвыстон, уыцы стыр ӕфсад цы азты бӕркад бахордта, уый уын Ӕз баххӕст кӕндзынӕн.


Уӕ хуымтӕ уын-иу судзгӕ дымгӕйӕ кӕнӕ халасӕй фесӕфтон, уӕ дыргъдӕттӕ, уӕ сӕндӕттӕ, уӕ легъуитӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ уын-иу мӕтыхтӕн бахӕрын кодтон, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.


Дунедарӕг Хуыцау мын фенын кодта ахӕм ныв: фӕззыгон кӕрдӕг куы сцӕйзад ӕмӕ паддзахы хуымтӕ карст куы ’рцыдысты, уӕд Уый фӕзынын кодта мӕтыхтӕ.


Уӕ зӕххы бӕркад уын чи ныхъуыры, уыдоны Ӕз бауромдзынӕн, уӕ сӕнӕфсиртӕ быдырты ӕнӕ дыргъӕй нал баззайдзысты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Бирӕ мыггаг байтаудзыстут быдыры, фӕлӕ дзы хор бирӕ нӕ сисдзыстут — мӕтыхтӕ йӕ аныхъуырдзысты.


Уӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг иууылдӕр зулчъыты амӕттаг бауыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan