20 Суанг Дӕм сырдтӕ дӕр дзыназынц, уымӕн ӕмӕ дӕттӕ байсыстысты, арт фесӕфта ӕдзӕрӕг быдыры сӕрвӕттӕ.
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Кериты къада бахуыскъ, уымӕн ӕмӕ къӕвдатӕ нал уарыд.
Ӕмӕ Ахав Овадиайӕн загъта: «Нӕ бӕстӕйы суадӕттӕ ӕмӕ къададӕттыл ӕрзилӕм, кӕд сӕ рӕбынты искуы кӕрдӕджы хал разынид ӕмӕ нӕ бӕхтӕ ӕмӕ нӕ хӕргӕфсыты фервӕзын кӕниккам, нӕ фосӕй дӕр нӕ ӕргӕвдын кӕд ницы бахъӕуид».
Сынтӕн чи ’рцӕттӕ кӕны холлаг, стонгӕй йӕ лӕппынтӕ сӕхи раппар-баппар куы фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ фыр тыхстӕй Хуыцаумӕ куы фӕхъӕр кӕнынц, уӕд?
Сӕвӕрдта йӕ хицауӕй йӕ хӕдзары, йе ’ппӕт исбон бакодта йӕ бар,
Ӕндӕр адӕмтӕн ахӕмӕй ницы бакодта, нӕ Йын зонынц уыдон Йӕ уагӕвӕрдтӕ. Алелуйа!
Зӕхх ӕнӕ донӕй ныскъуыдтӕ ис, зӕхкусджытӕ къӕмдзӕстыгӕй сӕ сӕртӕ ’мбӕрзынц.
Рагон пехуымпартӕ, мах размӕ пехуымпариуӕг чи кодта, уыдон бирӕ бӕстӕтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзахӕдтӕн дзырдтой, фидӕны сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц хӕстытӕ, бӕллӕхтӕ ӕмӕ рынтӕ.
Фос богъ-богъ кӕнынц, хизӕнуат сын нал ис, стонгӕй мӕлынц фысты дзугтӕ.