Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Иоел 1:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Фос богъ-богъ кӕнынц, хизӕнуат сын нал ис, стонгӕй мӕлынц фысты дзугтӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Иоел 1:18
10 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Ахав Овадиайӕн загъта: «Нӕ бӕстӕйы суадӕттӕ ӕмӕ къададӕттыл ӕрзилӕм, кӕд сӕ рӕбынты искуы кӕрдӕджы хал разынид ӕмӕ нӕ бӕхтӕ ӕмӕ нӕ хӕргӕфсыты фервӕзын кӕниккам, нӕ фосӕй дӕр нӕ ӕргӕвдын кӕд ницы бахъӕуид».


Ныр паддзах Соломон ӕмӕ израилӕгты ӕппӕт дзыллӕ та ӕрӕмбырд сты Фидыды Чырыны размӕ ӕмӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурвосӕй ӕрхастой ӕнӕнымӕц нывӕндтӕ.


Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».


Уый тыххӕй бахус уыдзӕни зӕхх, ӕмӕ фырвӕллад бауыдзысты йе ’ппӕт цӕрджытӕ — быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ суанг денджызы кӕсӕгтӕ дӕр бабын уыдзысты.


Суанг Дӕм сырдтӕ дӕр дзыназынц, уымӕн ӕмӕ дӕттӕ байсыстысты, арт фесӕфта ӕдзӕрӕг быдыры сӕрвӕттӕ.


Амос загъта: — Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп.


Легъуи бӕлас дидинӕг куынӕ ракала, сӕнӕфсиры талайыл дыргъ куынӕуал фӕзына, куы ницы ’рзайа оливӕ бӕлӕстыл, хуымтӕ дӕр тыллӕг куынӕ раттой, фосдоны куынӕуал баззайа фыс, скъӕты — стурвос,


Арв дӕр уын йӕ доны ’ртах уымӕн нал радта, ӕмӕ уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзад.


Мах зонӕм: Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ӕппӕт уыцы дуне абон дӕр ма хъӕрзы ӕмӕ хъизӕмар кӕны арӕг сылгоймагау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan