8 Йӕ сыхӕгтӕ, стӕй йӕ раздӕр мӕгуыргурӕй чи уыдта, уыдон дзырдтой: «Ам-иу чи бадти, уыцы мӕгуыргур нӕу, ӕви?»
Ӕрхӕццӕ сты Йерихонмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ адӕмимӕ уырдыгӕй куы рацӕйцыди, уӕд иу куырм лӕг, мӕгуыргур Вартимей, Тимейы фырт, бадти фӕндаггӕрон.
Хуыцау ын стыр арфӕ кӕй ракодта, уый фехъуыстой йӕ сыхӕгтӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ цин кодтой йемӕ.
Йесо Йерихонмӕ куы баввахс ис, уӕд уым фӕндаггӕрон бадти иу куырм мӕгуыргур.
Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый у». Аннӕтӕ та: «Нӕу, фӕлӕ уый хуызӕн у». Йӕхӕдӕг та-иу загъта: «Уый ӕз дӕн».
Ӕмӕ иумӕ суанг Вифлееммӕ фӕцыдысты. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сахар ӕнӕхъӕнӕй дӕр сызмӕлыд, ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дзырдтой: «Уый Наоми уа?»
Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.
Ахишӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Уый Давид куы у, амы паддзӕхтӕй иу! Ууыл зарыдысты, кафгӕйӕ: „Саул ныццагъта минтӕ, Давид та — дӕсгай минтӕ“?»